филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:37 вторник, 16 декабря 2025
19 февраля 2014, 11:19
Æрыдоны кæсагдарæн завод цæугæдæттæм ауагъта æргъай кæсæгтæ

Мæйы фæстæ Теркæй бахаудзысты Хъаспийы денджызмæ. Афтæмæй куыстуат архайы кæсаджы ацы хуыз бахъахъхъæныныл. Уыцы куыст кæнынц ныр 30 азы бæрц.

Æрыдоны кæсагдарæн завод цæугæдæттæм ауагъта æргъай кæсæгтæ
Мæйы фæстæ Теркæй бахаудзысты Хъаспийы денджызмæ. Афтæмæй куыстуат архайы кæсаджы ацы хуыз бахъахъхъæныныл. Уыцы куыст кæнынц ныр 30 азы бæрц.

Цалдæр сахаты фæстæ ацы кæсæгты ауаддзысты цæугæдонмæ. Сæрмагонд машинæты сæ аласдзысты Мæздæджы районмæ, æмæ сæ ауаддзысты Теркмæ. Мæйы фæстæ æргъай кæсæгтæ бахæццæ уыдзысты сæ бынатмæ – Хъаспийы денджызмæ.

Уллуби Ибраков, кæсагахсæн федералон агентады Хурныгуылæн-Хъаспийаг территориалон управленийы хайады хицау: «Иу машинæйы вæййы 9 мин кæсаджы бæрц. Ахæм рейсытæ нын уыдзæн иу-æвддæс. Фæнд кæнæм 10 бонмæ се `ппæт кæсæгты дæр донмæ ауадзын. Зæгъын хъæуы, уый æмæ ам æппæт уавæртæ дæр ис, æргъай кæсаг хъомыл кæнынæн».

Æрыдоны заводы кæсæгты фæхъомыл кæнынц, цалынмæ сыл афæдз æмæ `рдæг сæххæст вæййы, уæдмæ. Алцыдæр райдайы инкубацион цехы. Ам равзарынц кæсæгты мыггаг. Цæуы сæм лæмбынæг цæстдард.

Санахъоты Зæлинæ, заводы кусæг: «Сæрмагонд аппаратты сæ сæвæрæм, æмæ сæм фæзилæм. Ис нæм ахæм шланг. Уымæй æвзæр еугæф февзарæм хорз еугæфæй. Икрайæ малек куы равзæры, уæд уыцы рæстæгмæ ам вæййынц. Зæгъæм, иу мæй. Уый фæстæ сæ сæрмагонд ваннæтæм раивæм, æмæ сæм дарддæр фæзилæм».

Хъаспийаг æргъайы хуыз бахъахъхъæнын, æмæ йын йæ нымæц фылдæр кæнын – уый у заводы сæйраг нысан. Кæсаг хаст у Сырх чиныгмæ. Æрвылаз Уæрæсейы кæсагахсæн федералон агентады заказмæ гæсгæ цæугæттæм ауадзынц 300 мин кæсаджы. Се `рдæг – Хъаспийы денджызмæ.

Дыккаг кварталы ма завод фæнд кæны ноджыдæр 150 мин кæсаджы рауадзын. Уыдон баззайдзысты бынæттон цæугæдæтты – Терчы доны æмæ республикæйы стыр суадæтты.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania