филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:51 суббота, 21 сентября 2024
01 ноября 2012, 09:24
Æрыдоны Комаровы уынджы 9-æм хæдзары цæрджытæ тыхсынц сæ уавæртæй

Цард айдæнау æвдисын у журналисты хæс. Фæлæ дзы хъыгагæн арæх бынтон зæрдæмæдзæугæ нывтæ нæ фендзынæ. Æрыдоны Комаровы уынджы 9-æм хæдзары цæрджытæ ныр къорд азы тыхсынц сæ уавæртæй. 8 фатерон цæрæнуатæн тæссаг у ныккæлынæй.

Цард айдæнау æвдисын у журналисты хæс. Фæлæ дзы хъыгагæн арæх бынтон зæрдæмæдзæугæ нывтæ нæ фендзынæ.

Æрыдоны Комаровы уынджы 9-æм хæдзары цæрджытæ ныр къорд азы тыхсынц сæ уавæртæй. 8 фатерон цæрæнуатæн тæссаг у ныккæлынæй.

Æлборты Назирæт йæ хæдзарæй галуан ницы
хуызы зæгъдзæн. Уæвгæ йæ хæдзар дæр зынтæй схондзæн. Цæрынæн дзы хумæтæг
уавæртæ дæр нæй. Уаргæбон царæй тæдзы, къултæ афаз сты. Хæдзар хъарм
дæр нæ кæны. Бинонты йæ бафæндыд сцалцæг кæнын, фæлæ фыдæнхъæл фесты.

Æлборты Назирæт: «Балхæдтон æй æнæ
фадæттæй æмæ дзы æнæфадæттæй цæрын. Бафæндыд ма ремонт скæнын, мастеры
æрбакодтон æмæ мын загъта къултæм æвналæн нæй, рудзгуытæм дæр. Дуар
мæхæдæг рафтыдтон æмæ афтæ баззадис. Загъта мые администрацийы гæххæт
райс, цæмæй дæ рудзгуытæ баивæн ис, фæлæ мын уым ахæм бар нæ радтой».

Ацы хæдзар арæзт æрцыд 60 азы размæ. Æмæ уæдæй абонмæ цалцæггонд никуы уыд. Къултæ хъуына сæвæрдтой, пъолтæ ныттыдтой.

Хæдзары цæры 8 бинонтæ æмæ сеппæтæн дæр
æнхъæлмæ кæсгæйæ сæ ныфс асаст. Фатерты нæй хуымæтæг фадæттæ. Дон
хæссынц кæртæй. Æмæ сæ фæнды базонын ахæм уавæрты кæдмæ цæрдзысты. Сæ
хъаст кæдæм нæ бахастой ахæм нæй, æмæ сын сеппæт дæр дæттынц иу дзуапп –
банхъæлмæ кæсын хъæуы.

Уырымты Лидæ: «Фундамент æрхауттæ дæлæ,
мæ рудзынджы бын. Пъол хæрдмæ стыдта, бацæуæн дзы нæй. Фундамент дзы нал
ис, уæлæ цæуылдæрты лæууы. Ницы… хорзæй нын ницæмæй зæрдæ æвæрынц.
Кæй кæнынц уый дæр нæ кæнынц, кæй зæгъынц уый».

Æрыдоны районы админитсрацийы зæгъынц –
кæлæддзаг цæрæнуæтты фарста районы цæхгæр лæууы. 12 хæдзары цæрджытæн
хъæуы цæрæнуæттæ ссарын. Иннæ азы программæмæ 3 хæдзарæй фылдæр хаст не
рцæудзæн.

Мæргъиты Артур, Æрыдоны бынæттон
хиуынаффæйады сæргълæууæг: «Зæрдиагæй сын мæ бон зæгъын у, уый æмæ ног
аз фыццаг 2-3 мæйы комкоммæ сын дзырд уыдзæн кæцы хæдзæрдтæ дзы
бацæудзысты. Сæ хæдзар бацæудзæн, кæнæ нæ бацæудзæн, уымæн дæр мА уыдзæн
хицæн къамис. Уæддæр ма нæм кæлæтдзаг хæдзæрдтæ ис 12, æмæ уыдонæй
равзарын хъæуы абоны бон райсоммæ æнхъæлмæ кæсæн кæм нæй».

Нырма фарста кæронмæ лыггонд не рцыд, фæлæ цæрджыты ныфс нæ сæтты, радон хатт та баууæндыдысты бæрнон адæмыл.

Касаты Наирæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania