филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:50 пятница, 03 мая 2024
09 апреля 2013, 17:37
Æрыдоны цæуы профессионал дæсныйады чемпионат WorldSkills Russia 2013

Архайы дзы 137 конкурсанты Цæгат Кавказы профессионалон ахуыргæнæндæттæй – Дагестанæй, Стъараполы æмæ Краснодары крайтæй, стæй Хуссар Ирыстонæй.

Æрыдоны цæуы профессионал дæсныйады чемпионат WorldSkills Russia 2013. Архайы дзы 137 конкурсанты Цæгат Кавказы профессионалон ахуыргæнæндæттæй – Дагестанæй, Стъараполы æмæ Краснодары крайтæй, стæй Хуссар Ирыстонæй. Уæлахиздзаутæн фадат уыдзæн сæ арæхстдзинад равдисынæн профессионалон дæсныйады национ чемпионаты Тольяттийы.

Профессионалон дæсныйады чемпионат арæзт æрцыд регионалон координацион центр WorldSkills Russia æмæ республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй. Хуымæтæг кусæг дæсныйады кад бæрзонддæр кæныны нысанимæ Æрыдоны аграрон-технологон техникумы æрæмбырд сты фæсивæд Цæгат Кавказы республикæтæй, стæй Хуссар Ирыстонæй. Цæгат Ирыстоны разамынды номæй сын раарфæ кодта хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей. Куыд загъта, афтæмæй конкурсæн ис стыр ахадындзинад. Фæсивæдæй бирæтæн ерыс фидæны бæрзæндтæм фæндаг кæй уыдзæн, уый дызæрдыгкаг нæу.

Моурауты Алан, Æрыдоны хъæууон-хæдзарадон технологон техникумы директор: «Ацы фæлварæнты нæ ахуыргæнинæгтæн сæ бон у равдисын сæ дæсныдзинад, цæуыл сахуыр кодтой, цы куыстуаты кусдзысты, уым куыд архайдзысты. Экспертты æрбахуыдтам æндæр институттæй, техникумтæй æмæ куыстуæттæй 50 адæймагæй фылдæр. Цæмæй æркæсой нæ ахуыргæнинæгты куыстытæм, æмæ сын сы æмбæлы, ахæм аргъ скæной«.

Æндадзæн технологитæ, автомеханикæ, хæринаггæнæджы æмæ аразæджы дæсныйадтæ. Æдæппæтæй 150 архайæгæй фылдæр. Елхоты аграрон техникумы ахуырдзау Засеты Азæ конкурсы архайынмæ йæхи рагæй цæттæ кодта. Æрыгон хæринаггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй æрвылбон дæр хъæуы кусын дæсныйады сусæгдзинæдтæ æргом кæныныл. Уый у хорз бæрæггæнæнты нысан, зæгъы конкурсанткæ.

Засеты Азæ, конкурсы архайæг: «Кæнын дзыкка, у ирон хæринæгтæй иу, мæ хæсмæ гæсгæ мæм æрхауд æмæ йæ кæнын. Мæскуыйы дæр архайдтон конкурсы æмæ райстон 4-æм бынат æмæ мæ ам дæр фæнды бынат райсын«.

Конкурсантты дæсныйадæн аргъ кодтой экперттæ Ирыстоны æмæ Цæгат Кавказы республикæты техникумты, профессионалон училищæты æмæ раззагдæр куыстуæтты минæвæрттæ. Æдæппæтæй 50 адæймагæй фылдæр.

Æбиты Валерий, жюрийы уæнг: «Чи дзы архайы, уыдонæн сæ бавнæлд у рæсугъд, цыдæр диссаджы ног хæринæгтæ цæттæ кæнынц, æмæ уый ууыл дзурæг у, æмæ ирон адæммæ фынджы æгъдау æмæ бæркад бæрзонд æмвæзадыл æвæрд у, æмæ абоны кæстæрты руаджы ма ноджы дарддæр ацæудзæнис«.

Конкурсы алы архайæгæн дæр лæвæрд ис бæлвырд рæстæг. Уæдмæ йæ хъæуы сæрмагонд хæс сæххæст кæнын.

Æндадзæджы дæсныйадыл ныртæккæ бирæтæ нæ ахуыр кæнынц. Ацы фæсивæд сæ фидæны фæндаг равзæрстой. Конкурсы фæрцы сын фадат уыдзæн ног бæрзæндтæм схизынæн.

Конкурсы регионалон къæпхæны уæлахиздзаутæн сæ арæхстдзинад равдисыны фадат уыдзæн профессионалон дæсныйады национ чемпионаты Тольяттийы. Арæзт æрцæудзæн апрелы кæрон. Уый бæрæггæнæнтæм гæсгæ та сбæрæг уыдзæн, дунеон ерысты чи архайдзæн, уыдоны нæмттæ. Уæрæсейы минæвæрттæ сæ профессионалон дæсныйад æвдисдзысты Лейпцигы.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania