филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:37 суббота, 04 мая 2024
09 апреля 2013, 11:15
Æрыгон дизайнер Гæбæраты Лизæ Мæскуыйы модæйы конкурсы равдыстой 2014 азы фæззыгон æмæ зымæгон уæлæдарæсы ног коллекци

Æрыгон дизайнер Гæбæраты Лизæ æмæ йе ‘мкусджытæ Мæскуыйы модæйы конкурсы равдыстой 2014 азы фæззыгон æмæ зымæгон уæлæдарæсы ног коллекци.

Æрыгон дизайнер Гæбæраты Лизæ æмæ йе ‘мкусджытæ Мæскуыйы модæйы конкурсы равдыстой 2014 азы фæззыгон æмæ зымæгон уæлæдарæсы ног коллекци.

Бакуыстой йыл 2 мæйæ фылдæр æмæ хъуымæцты 5-6 хуызæй бахуыдтой 33 дзаумайы. Модельертæ куыд зæгъынц, афтæмæй ног азы модæйы уыдзысты буархуыз, кæрдæгхуыз æмæ морæ хуызтæ. Коллекцийы бæрæгбоны уæлæдарæсы категорийы ма æвдыст æрцыдысты сырх æмæ цъæх къабатæ.

Сæ кардмæ гæсгæ сты алыхуызон. Суанг ма дзы фенæн уыд къаба-пинджак дæр. Æппæт дзаумæттæ сфидауын кодтой цæгатирыстойнаг зæрингуырты куыстытæй.

Конкурсы архайдтой æрыгон модельертæ Мæскуыйæ, Санкт-Петербургæй, Хъазанæй æмæ æндæр горæттæй. Жюрийы уæнгтæ, конкурс аразджытæ æмæ модæй журналты редактортæ се ‘ппæт куыстыты ‘хсæн стыр аргъ скодтой Гæбæраты Лизæйы коллекцийæн. Куыд бафиппайдтой, афтæмæй æнхъæлмæ кæсдзысты йæ ног, уалдзыгон-сæрдыгон уæлæдарæсы коллекцимæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania