11 июля 2016, 18:17
Æрыгон дзюдоисткæ Таймазты Мæдинæ сси Европæйы ерысты уæлахиздзау
Уыдис ын 4 ныхмæлæууæджы алы бæстæтæй. Мæдинæ йæхи равдыста хъаруджын æмæ профессионалон спортсменæй. Ныридæгæн æм ис бирæ майдантæ, фæлæ йæ сæйраг бæллиц у олимпаг хъæзтыты сызгъæрин майдан рамбулын.
Æрыгон дзюдоисткæ Таймазты Мæдинæ сси Европæйы ерысты уæлахиздзау. Уыдис ын 4 ныхмæлæууæджы алы бæстæтæй. Мæдинæ йæхи равдыста хъаруджын æмæ профессионалон спортсменæй. Ныридæгæн æм ис бирæ майдантæ, фæлæ йæ сæйраг бæллиц у олимпаг хъæзтыты сызгъæрин майдан рамбулын.
Уæндон æмæ хъаруджын февнæлд. Йæ алы азмæлдæй дæр Таймазты Мæдинæ æвдисы йæ профессионалон æмвæзад. Æмæ кæд нырма æрыгон дзюдоисткæ у, ныридæгæн ын ис бирæ хæрзиуджытæ æмæ стыр ахадындзинад кæмæн ис, ахæм уæлахизтæ. Европæйы æмæ Уæрæсейы цалдæр хатты чемпионкæ дзюдойæ, дунейы ерысты дыр йæхи тынг цæттæйæ равдыста, кæд 3-аг бынат бацахста уæддæр. 1-æй – 3-æм июльмæ та Финляндийы арæзт æрцыдысты Европæйы ерыстæ дзюдойæ, 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсменты хсæн. Уырдыгæй Мæдинæ, Уæрæсейы иугонд командæйы хыгъды уæвгæйæ, Ирыстонмæ сласта сызгъæрин майдан.
Таймазты Мæдинæ, дзюдоисткæ: «Уым хæцыдтæн 4 чызгимæ, нæ зæгъдзынæн, æнцон мын уыди, фæлæ уæддæр мæхи дзæбæх бацæттæ кодтон мæ тренеримæ, алкæцы чызгмæ дæр дзы æндæрхуызон цæттæ кодтон, алы адæймаг дæр алыхуызон у. Финалы хæцыдтæн Португалияйы чызгимæ, йемæ фыццаг хатт нæ фембæлдтæн, уже 3 хатты хæцыдыстæм иумæ, æмæ кæрæдзийы тынг хорз зонæм. уый зоны æз куыд хæцын, уый зоны, æз цы кусын. Æмæ нæ чи зонджындæр разынд, уый рамбылдта».
Ныр 6 азы Мæдинæимæ кусы Туркменистаны сгуыхт тренер Джиоты Герас. Тенировкæтæ сын вæййы Сунжæйы. Тренер куыд зæгъы, афтæмæй сывæллонæй дæр Мæдинæйыл бæрæг уыд, спортивон фидæн æм кæй æнхъæлмæ кæсы, уый. Йæ удыхъæд у фидар æмæ татамимæ куы рацæуы, уæд йæ размæ вæййы æрмæст иу хæс – рамбулын.
Джиоты Герас, Туркменистаны сгуыхт тренер: «Ам райдыдта, æмæ ныр дæр ардæм цæуы, æмæ кусдзыстæм дарддæр, цæмæй, разæй бирæ ерыстæ нырмæ, ног къæпхæнмæ бацæудзæн æмæ уым уæззаудæ уыдзæнис, æмæ фылдæр хъæудзæн кусын, æмæ фылдæр архайын хъæудзæн, мæнæ ныр куыд цæуы, æмæ афтæ дарддæр ацæуа».
Спортсмен æмæ тренер хъуамæ иу æвзагыл дзурой, æрмæст уæд ис стыр бæрзæндтæм схизын. Æнæ хистæр уынаффæгæнæгæй спортсмены бон бирæ нæу, зæгъы Мæдинæ йæхæдæг дæр.
Таймазты Мæдинæ, дзюдоисткæ: «Мæхи тренер мæ куы нæ бацæттæ кæна, æмæ куы нæ зæгъа, куыд кусон, афтæмæй зын у. Æххуыс мын кæны, амоны мын, куыд хъæуы, æмæ йæ хъусгæйæ æз хæцын».
Мæдинæ канд спорты бæрзæндтæм нæ тырны. Ацы аз скъола дæр фæцис зызгъæрин маданимæ. Æмæ йæ уый нæ хъыгдары дзюдойæ архайын дæр. Спортсмены æнæмæнг хъæуы йæхиуыл кусын æрвылбон. Иу бон дæр æнæ тренировкæтæй нæ вæййы.
Ныртæккæ ацы чызджытæ сæхи цæттæ кæнынц Цæгат Кавказы зылды ерыстæм. Арæзт æрцæудзысты августы. Уым сбæрæг уыдзæн, æппæтуæрæсеон ерысты чи архайдзæн, уыцы чызджыты номхыгъд.
Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ