филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:21 вторник, 19 августа 2025
19 июня 2014, 11:39
Æрыгон курдиат

Санкт-Петербурджы консерваторийы студент кæд нырма æрыгон у, уæддæр ныридæгæн йæ ном хъуыстгонд у. Бирæ конкурсты, фестивальты æмæ равдыстыты уæлахиздзау ма пианинойæ

73082
Санкт-Петербурджы консерваторийы студент кæд нырма æрыгон у, уæддæр ныридæгæн йæ ном хъуыстгонд у. Бирæ конкурсты, фестивальты æмæ равдыстыты уæлахиздзау ма пианинойæ цагъта суанг Венæйы сызгъæрин залы дæр. Ныр та хуынд æрцыд фестиваль «Уазæгуаты Гергиты Ларисæ»-мæ æмæ аивадуарзджытæн балæвар кодта классикон музыкæйы бæрæгбон.

Классикон музыкæйы фыццаг аккордтæ куыддæр залы айхъуыстысты, афтæ аиваруарзджытæ бамбæрстой – ацы концерт уыдзæн тынг рæсугъд æмæ цымыдисаг. Уымæн æмæ йæ кæны æцæгæйдæр курдиатджын музыкант. Санкт-Петербурджы консерваторийы студент кæд нырма æрыгон у, уæддæр ныридæгæн йæ ном хъуыстгонд у. Бирæ конкурсты, фестивальты æмæ равдыстыты уæлахиздзау ма хуынд æрцыд суанг Венæйы сызгъæрин залмæ.

Гергиты Ларисæ, УФ-йы адæмон артисткæ: «Æз ахсджиаг хъуыддагыл нымайын цæмæй мах фестивальмæ цæуой æрыгон, фæлæ йæхицæн ном чи скодта, ахæм артисттæ. Уæлдайдæр та ныртæккæ чи цæуы гастрольты, ныртæккæ кæй зонынц, ныртæккæ чи у зындгонд. Сергей Редькин дæр уыцы артисты къордмæ хауы. Уæрæсейы бирæ курдиатджын фæсивæд ис. Фæлæ ацы лæппу у хуыздæрты-хуыздæр. Уымæ гæсгæ йын радтам бар хи концертæн. Афтæмæй та йыл 23 азы йеддæмæ нæ цæуы. Æмæ мæ бон у зæгъын у – ацы лæппуйæн музыкæ йæ цард у, æнæ пианинойæ йæ цард нæ уыны. Фæнды мæ цæмæй ирыстоны аивадуарзджыты ма хъæуа цæуын Мæскуымæ æмæ Санкт-Петербургмæ, фæлæ ам нæхи фестивальты семæ зонгæ кæной».

Гергиты Ларисæйы хъуыдымæ гæсгæ ацы фестиваль фылдæр уыдзæн инструменталон музыкæйыл арæзт. Уымæ гæсгæ йæм фылдæр хуынд æрцыдысты пианисттæ, скрипкæйыл чи цæгъды, уыдон. Фæлæ аивадуарзджыты зæрдæтæ барухс кæндзысты балеты артисттæ, симфонион оркестры æмæ джазы музыканттæ дæр. Иууылдæр нырма æрыгæттæ сты, фæлæ сын тынг бирæ гастрольтæ ис дунейы алы бæстæты. «Æмæ цалынмæ сæ аивады тæмæны сты, уæдмæ сæ хъуамæ феной æмæ фехъусой Цæгат Ирыстоны цæрджытæ дæр» – зæгъы Гергиты Ларисæ. Ууыл та республикæйы цæрджытæ цин кæнынц.

Ацы хатт Сергей Редькин акодта Бах-Бузони, Рахманиновы, Стравинскийы, Прокофьевы, Равелы уацмыстæ. Æмæ иууылдæр сразы сты зындгонд специалисты хъуыдыимæ – ацы уацмыстæ автортæ куыд цагътой, афтæ сæ цæгъды Сергей Редькин дæр.

Зындгонд музыканты цагъдмæ байхъусынмæ æрбацыдысты сывæллæттæ дæр. Чидæртæ сæ бæллынц Сергей Редькины хуызæн суæвынмæ.

Æрыгон артист кæд концерттæ лæвæрдта бирæ зындгонд залты, уæддæр бæллыд ацы фестивалы архайынмæ дæр. Фæндыд æй Ирыстоны цæрджытæн йæ уарзон музыкалон уацмыстæ акæнын.

Музыкантты хсæн арæх фехъусæн ис ахæм фарста: «Цавæр у 21-æм æнусы пианизм?» Ацы фарстайæн дзуапп Цæгат Ирыстоны цæрджытæ ныр зонынц – ног æнусы пианизм ирдæй зыны Сергей Редькины къухайсты æмæ йе сфæлдыстады.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania