филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:12 понедельник, 11 ноября 2024
02 октября 2014, 11:11
Æрыгон турист Никита Васильев Цæгат Ирыстонмæ ссыди Чувашийæ

Цымыдисаг та уый у, æмæ ссыди велосипедæй. Йæ республикæйæ лæппу рацыди афæдзы рдæджы размæ.

Æрзылди бæстæйы хуссарварсыл. Ныр схæццæ Цæгат Кавказмæ. Ис æм æрмæстдæр æнæмæнг хъæугæ дзаумæттæ. Алцыдæр, æрмæст æхцайæ фæстæмæ. Йæ зæрдæ дары бынæттон цæрджыты зæрдæхæлардзинадыл.

74576
Æрыгон турист Никита Васильев Цæгат Ирыстонмæ ссыди Чувашийæ. Цымыдисаг та уый у, æмæ ссыди велосипедæй. Йæ республикæйæ лæппу рацыди афæдзы рдæджы размæ.

Æрзылди бæстæйы хуссарварсыл. Ныр схæццæ Цæгат Кавказмæ. Ис æм æрмæстдæр æнæмæнг хъæугæ дзаумæттæ. Алцыдæр, æрмæст æхцайæ фæстæмæ. Йæ зæрдæ дары бынæттон цæрджыты зæрдæхæлардзинадыл.

Ацы хатт йæ хъуыддаг фæрæстмæ. Дзæуджыхъæуы йæ суазæг кодтой Селезневты бинонтæ. Ахæм бæлццоны фыццаг хатт не сбуц кодтой. Куыд зæгъынц, афтæмæй адæймагæн баххуыс кæнын удыбæсты у.

Йæ хъуыдытæ æмæ мысинæгтæ Никитæ адæмимæ дих кæны социалон хызты. Йæ рæстæг у бæлвырдгонд. Алы горæты дæр 2-3 бонæй фылдæр нæ фæстиат кæны. Бæлццон ныридæгæн рацыди 5 мин километры. Волгæйы уылты Мордовимæ, Саратов, Волгоград, Ростов, Краснодар, Хъырым, æмæ ныр Кавказ… Раздæры балцытæ йын иу 2 мæйæ фылдæр нæ уыдысты. Фæлæ иу уæд цыдис транспортыл. Ныр та йæ фæнды йæ бæстæ бæстондæр базонын, æмæ мин километрты рацыд æнæ иу капеккæй. Йæ хъуыдымæ гæсгæ афтæмæй хуыздæр базонæн ис, дæмы дæр, дуне дæр. Бынæттон цæрджытæ йыл цы зæрдæйы уагæй сæмбæлой, уымæй аразгæ уыдзысты йæ мысинæгтæ.

Дзæуджыхъæуы фæстæ та йæ зæрды и Цæцæны республикæ, Дагестан, æмæ Гуырдзыстон бабæрæг кæнын. Зымæджы турист ацæудзæн Азербайджанмæ. Кæройнаг æрлæууæн кæм уыдзæн, уый нæма зонын. Балц кæндзынæн, цалынмæ не сфæлмæцон, уæдмæ, зæгъы Никитæ Васильев.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania