филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:07 понедельник, 15 декабря 2025
25 марта 2014, 11:19
Æвирхъау цау æрцыд Дыгуыры районы Хъарман-Сындзыхъæуы

Æбæрæг адæймаг бабырыд 86-аздзыд Зокойты-Икъаты Натальяйы хæдзармæ æмæ йæ фæнадта. Ныртæккæ сылгоймаг ис рынчындоны. Цæфтæ бæрæг сты цæсгом, риуы стæг æмæ сæры

Æвирхъау цау æрцыд Дыгуыры районы Хъарман-Сындзыхъæуы
Æбæрæг адæймаг бабырыд 86-аздзыд Зокойты-Икъаты Натальяйы хæдзармæ æмæ йæ фæнадта. Ныртæккæ сылгоймаг ис рынчындоны. Цæфтæ бæрæг сты цæсгом, риуы стæг æмæ сæры магъзыл. Хæдзары мулкæй ницы фесæфт æрмæст йæ къуыхдарæн. Фыдгæнæг ын йе `хцамæ дæр нæ бавнæлдта. Пъæлицæйæгтæ хъуыддаг байгом кодтой, гуырысхо та кæнынц ног æрбалидзæгыл. Фæлæ Хъарман-Сындзыхъæуы цæрджытæ сæ ног сыхаджы фарс рахæцыдысты, нымайынц æй хорз адæймагыл. Стæй æфхæрд сылгомаджы ныхæстæм гæсгæ фыдæгæнæг уыд тыппыртæ, уый та у къæсхуыртæ. Хæстæджытæ разы не сты слестгæнджытимæ æмæ хъуыддаг æвзарынц сæхæдæг. Сæ хъуыдымæ гæсгæ фыдгæнæг бадт цары, уырдыгæй æрхызт æмæ нæмын райдыдта ацæргæ сылгоймаджы. Хæстæджыты хъуыдымæ гæсгæ, афтæмæй хъавыд сылгоймаджы цард фæцыбырдæр кæнын, цæмæй йæ зæххы хай йæ къуыхы бафта. Чи у, уый Натальяйы хæстæджытæ нæ хъæр кæнынц, фæлæ хъуыддаг афтæ кæй у, ууыл гуырысхо нæ кæнынц. Цас раст сты, уый сбæрæг кæндзæн слест.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania