филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:32 пятница, 15 ноября 2024
15 октября 2012, 10:31
Æвзæрстытæ ацыдысты республикæйы районты дæр

Уымæй уæлдай ма муниципалон æмæ бынæттон æвзæрстытæ ацыдысты Дигорайы, Кировы, æрыдоны, æрæфы, Горæтгæрон æмæ Разхизфарс районты. Сæйраг æвзарæн къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æрцыд æгъдаухæлдтытæ.

Уымæй уæлдай ма муниципалон æмæ бынæттон
æвзæрстытæ ацыдысты Дигорайы, Кировы, æрыдоны, æрæфы, Горæтгæрон æмæ
Разхизфарс районты. Сæйраг æвзарæн къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æрцыд
æгъдаухæлдтытæ. Сæ раиртасыныл цæуы куыст. æвзæрстыты хатдзæгтæ фехъусын
кæндзæн «æнæхин æвзæрстыты» цæстдарæг корпус дæр. Организациимæ бадзырд
бафыстой 16 партийы, Йæ координацион центрмæ хъусын кодтой
закъонхæлдтыты тыххæй. æвзæрстыты рагагъомæйы бæрæггæнæнтæ фехъусын
кæндзысты абон.

Нæ уацхæссæг Гугкаты Иринæ та бабæрæг
кодта республикæйы Хохаг хъæу Нары цæрæг Гаджиты Заремæ æвзарæн хайадмæ
æрбацыд æртæ чъирийымæ. Ацы бон хъæуы цæрджытæн бæрæгбон у. Нæ фидæн нæ
алкæйы хъæлæсæй дæр аразгæ у, зæгъы Заремæ.

Нары 33-æм æвзарæн хайады хыгъды уыд 40
адæймаджы. Уыдонæй хъæуы цæры се мбис, сты ацæргæ адæм. Сæ зæрдæ дарынц,
æвзæрстыты фæстæ сæ цард хорзырдæм кæй аивдзæн, ууыл. Бынæттон
администрацийы сæргълæууæг Хетæгкаты Измаил куыд зæгъы, афтæмæй сæм нæй
æрдзон газ, стæй дон. Электрон тых дæр арæх вæййы хуыссыд. Хъæуы нæй
дукани, стæй афтек. Нармæ нæ цæуы автобус дæр.

11 сахатмæ хъæуы схъæлæс кодтой цæрджыты
20 проценты, сты 10 адæймаджы. Изæрмæ та сæ граждайнаг хæс сæххæст
кодтой цæрджыты 65 проценты. Хетæгкаты Ибрагиммæ æвзарæн къамисы уæнгтæ
æрбацыдысты сæ хæдзармæ. Нæлгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй иу хатт дæр нæ
фæцух кодта æвзæрстытæ. Уæвгæ Алагиры районы уыд 33 æвзарæн хайады.
Уыдонæй 10 – Алагиры. Бирæтæ ацы æвзæрстыты архайдтой фыццаг хатт.
Гæбуты Мæдинæ 14-æм октябрмæ рагæй æнхъæлмæ каст. Йæ хъæлæс кæмæн
ратдзæн, ууыл дæр бирæ фæхъуыды кодта.

Алы æвзарæн хайады дæр уыд цæстдарджытæ,
стæй хъæлæсы бар кæмæн уыд, къамисы ахæм уæнгтæ. Æдæппæтæй 30 адæймаджы
бæрц. Се ппæт дæр лæмбынæгæй кастысты, æвзæрстытæ куыд цæуынц, уымæ.
Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Алагиры районы схъæлæс кодтой цæрджыты
35 проценты. Дыгуры районы та сихормæ схъæлæс кодта æрмæст 10 проценты.
Дигорайы цæрæг Гульчеты Фатимæйæн йæ бон уыд, æмæ æвзарæн хайадмæ ма
æрбацæуа. Йæ къах у саст, уымæ гæсгæ йæм æвзарæн хайады уæнгтæ сæхимæ
дæр æрбацыдаиккой, фæлæ Фатимæ йæ граждайнаг хæс сæххæст кæнын нымайы
сæйрагдæрыл.

Хъæлæсгæнджытæ бирæ нæ уыдысты Æрæфы
районы дæр. Боны 2 сахатмæ 970 адæмагæй схъæлæс кодтой æрмæст сæ 3-аг
хай. Уыдонæй дæр бирæтæм æвзарæн къамисы уæнгтæ бацыдысты сæ хæдзæрдтæм.

Цыколайы 63-æм æвзарæн хайады
бюллетеньтæ нымадта сæрмагонд техникæ. Ахæм кусæнгарзимæ цæрджытæ
базонгæ сты президентмæ æвзæрстыты рæстæг. КОИБ кæй хонынц, уыцы машинæ
æвдисы, цал адæймаджы схъæлæс кодта, уый. Ахæм аппараттæ республикæйы ис
18. Фæлæ уæддæр алы æвзарæн хайады дæр куыстой сæрмагонд цæстдарджытæ,
уыдон закъонхæлдтытæ нæ раиртæстой.

Гугкаты Иринæ, Хъамболты Розæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania