19 марта 2018, 18:06
Æвзæрстытæ бæрзонд æмвæзадыл арæзт æрцыдысты Дзæуджыхъæуы æмæ районты
Æмтгæй райсгæйæ, хъæстытæ æмæ закъонхæлдтытæ уыдысты хæрз чысыл. Хъæлæсгæнджытæ æмæ цæстдарджытæ куыд зæгътой, афтæмæй стыр æргом здæхт æрцыд, цæмæй хайæдты адæм банкъарой, хъæлæс кæныны бон бæрæгбон кæй у, уый.
Æвзæрстытæ бæрзонд æмвæзадыл арæзт æрцыдысты Дзæуджыхъæуы æмæ районты. Æмтгæй райсгæйæ, хъæстытæ æмæ закъонхæлдтытæ уыдысты хæрз чысыл. Хъæлæсгæнджытæ æмæ цæстдарджытæ куыд зæгътой, афтæмæй стыр æргом здæхт æрцыд, цæмæй хайæдты адæм банкъарой, хъæлæс кæныны бон бæрæгбон кæй у, уый. Йæ граждайнаг хæс сæххæст кæныны фадат уыд алы хъæлæсгæнæгæн дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Адæм сæ граждайнаг хæс æххæст кæнынмæ æрбацыдысты, куыддæр æвзарæн хайæдты дуæрттæ байгом сты, афтæ. Урнæйы фыццаг бюллетень ныппарыны бар лæвæрд æрцыд Надежда Панафидинæйæн. Æппæт æвзæрзтыты дæ фæархайы, æмæ алы хатт дæр хайадмæ фыццаг æрбацæуы.
Сæумæрайсом бирæ адæм уыд Елхоты æвзарæн хайæдты дæр. 94-æм хайадмæ хауы 2 207 хъæлæсгæнæджы. Уыдонæн се 30%-ы 11 сахатмæ сæ конституцион барæй спайда кодтой.
Дзгойты-Дзуццаты Дедеккайæн æвзарæн хайадмæ æрбацæуын йæ бон не сси, фæлæ уæддæр йæ граждайнаг хæс сæххæст кодта. Къамисы уæнгтæ йæм æрбацыдысты йæ хæдзармæ.
Ахæм барæй спайда кодта Кæсæбиты Соня дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ фидæны президент хъуамæ стыр æргом раздаха фæсивæды фарстатæм.
Æвзæрстытæ æцæг бæрæгбонау уыдысты, фыццаг хатт чи хъæлæс кодта, уыдонæн. Хайæдты сын скодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Диана Тумарова куыд зæгъы, афтæмæй йын ацы хъуыддаг бæрнон у. Æвзары, æрмæст президенты нæ, фæлæ йæ фидæн.
Фæлтæрдджын ахуыргæнæг Галина Петросянæн ацы бон йæ царды ахсджиаг цауыл нымад у – бæрæг кодта йæ юбилей. Фæлæ йæ фыццаг хæсыл банымадта æхсæнадон хæс сæххæст кæнын. Уыд æвзарæн хайады къамисы сæрдар. Уыйхыгъд райста бирæ арфæтæ, куыд национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрадæй, афтæ йе мкусджытæй æмæ ахуырдзаутæй.
Æвзæрстыты бон хъæлæс кæныны барæй спайда кæнынæн фадæттæ арæзт æрцыд се ‘ппæтæн дæр. Сæрмагонд уавæртæ бацæттæ кодтой, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн, уыдонæн, рынчындæтты, арæндæтты, æфсæддон хайæдты, вагзалты æмæ аэропорты байгом кодтой рæстæгмæ хайæдтæ. Хъæлæсгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, æппæтæй ахсджиагдæр у, цæмæй фидæны президент, фыццаджыдæр, хъахъхъæна адæмы бартæ, æмæ сын се ууæнк ма фæсайа.

Хъайтмазты Дзерассæ
темæмæ гæсгæ