филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:15 воскресенье, 29 сентября 2024
16 сентября 2014, 11:03
Æвзæрстыты рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæ

Хъæлæс кæныны иумæйаг боны Цæгат Ирыстоны æвзарæн зылдты æвзæрстой республикæйы Парламентмæ депутатты.

Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Дзæуджыхъæуы Барбашовы зылды размæ рацыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнг Кæсæбиты Игорь.

74257
Хъæлæс кæныны иумæйаг боны Цæгат Ирыстоны æвзарæн зылдты æвзæрстой республикæйы Парламентмæ депутатты.

Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Дзæуджыхъæуы Барбашовы зылды размæ рацыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнг Кæсæбиты Игорь. Схъæлæс ыл кодтой æвзарджыты 70%.

Æрæфы районы та равзæрстой коммунистон партийы минæвар Гогаты Аслæнбеджы. Парти «Уæрæсейы патриоттæй» кандидат Токаты Нох куыд зæгъы, афтæмæй территориалон æвзарæн къамисы æмбырды бацæттæ кодтой хъаст, Лескены 80-йæм участочы æвзарæн къамисы закъонхæлдтытæ кæй æрцыд, уый тыххæй. Бахъуыди сæ æппæт гæххæттытæм ногæй æркæсын æмæ сæ банымайын. Уыцы цауы тыххæй скодтой акт, фæлæ уынаффæ хаст нæма æрцыд. Ныртæккæ дыууæ кандидаты хсæн ис 63 хъæлæсы.

Æрæфы районы æвæрстыты тыххæй Центрон æвзарæн къамис æмбарын кæны – исты хатдзæгтæ кæнын нырма раджы у. Бæстон каст цæуы æппæт хъуыддæгтæм.

Центрон æвзарæн къамис кусы, Дзæуджыхъæуы æвзæрстытæ куыд ацыдысты, уыцы бæрæггæнæнтыл дæр. Горæты Галиуфарсы территориалон æвзарæн къамисы уал дæттынц æхæм информаци.

Æвзæрстыты архайдтой 4 политикон партийы: уыдонæй парти «Иугонд Уæрæсе»-йыл схъæлæс кодтой æвзарджыты 62,04 %; «Уæрæсейы патриоттыл» – 22,7%; «УФ-йы Коммунистон партийæн» сæ хъæлæстæ радтой æвзарджыты 5,5 %; æвзарджыты 5,6% та схъæлæс кодтой «Рæстаг Уæрæсейыл».

Дзæуджыхъæуы муниципалон скондмæ иумандатон зылдтæй æвзæрст æрцыдысты 11 депутаты, 3-йæ «Уæрæсейы патриоттæй», 1 та йæхи кандидатурæ чи балæвæрдта, ахæм депутат.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania