филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:47 среда, 17 декабря 2025
08 февраля 2018, 12:45
Æвзонг инспектортæй рахиздзыстæм хистæр пъæлицæйæгтæм

Йæхицæн йе ‘нæзæрдæхудт фæллойы фæрцы ном кæны Бибылты Алан. Кусы Æрыдоны районы пъæлицæйы хайады. Йæ цæст дары горæты центрон хайадтæй иумæ.

Æвзонг инспектортæй рахиздзыстæм хистæр пъæлицæйæгтæм
Æвзонг инспектортæй рахиздзыстæм хистæр пъæлицæйæгтæм. Йæхицæн йе ‘нæзæрдæхудт фæллойы фæрцы ном кæны Бибылты Алан. Кусы Æрыдоны районы пъæлицæйы хайады. Йæ цæст дары горæты центрон хайадтæй иумæ. Цæрджытæ йæ куыстæй райгонд сты. Сæ ныхæстæм гæсгæ, бахъуаджы сахат, кæддæриддæр сæ фарсмæ æрбалæууы. Участоктыл чи кусы, уыцы пъæлицæйаджы æрвылбон куысты тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Бибылты Аланы йæ участокы се ‘ппæт дæр йæ номæй зонынц. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй æдзухдæр цæттæ вæййы баххуыс кæнынмæ – кæм ныхасæй, кæм та – хъуыддагæй. Тæтæраты Хъазыбег æхсызгонæй дзуры, фарон сæм сæ род ссарынмæ куыд фæкаст, уый тыххæй.
Нымад у Алан йе ‘мкусджыты ‘хсæн дæр. Ис раззагдæрты æмрæнхъ. Уымæн æвдисæн сты йæ куысты бæрæггæнæнтæ. Афтæ фарон Алан раргом кодта 17 фыдракæнды, скодта 110 протоколы.
Мидхъуыддæгты оргæнтæм Бибылты Алан æрбацыд 20 азы размæ. Уыдонæй иуæндæс ис, участоктыл чи кусы, ахæм пъæлицæйаджы бынаты. Дзуапп дæтты Æрыдоны районы центрон хайæдтæй иуæн. Цæры дзы 3 мин адæймаджы онг.
Равзæрст дæсныйадыл Алан никуы фæфæсмон кодта. Куыд зæгъы, афтæмæй уарзы рæстдзинад. Йæ хайады кæны стыр профилактикон куыст. Йæ ныхæстæм гæсгæ, адæймаг куы фæрæдыйа, уæд æй уайтагъд æфхæрын нæ хъæуы. Фыццаг уал ын хъæуы уайдзæф бакæнын, æмæ кæд нæ бамбара, æрмæстдæр уæд дзуапп дæтдзæн закъонмæ гæсгæ.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania