филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:12 воскресенье, 01 февраля 2026
02 апреля 2021, 13:37
2-æм апрелы фæбæрæг кæнынц сывæллæтты чиныджы Æппæтдунеон бон

Дзæуджыхъæуы 65-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ бæрæгбоны агъоммæ архайдтой бирæ мадзæлтты

Абон 2-æм апрелы фæбæрæг кæнынц сывæллæтты чиныджы Æппæтдунеон бон. Бæрæг æй кæнынц фысджытæ, чиныгкæсджытæ, рауагъдады кусджытæ, нывгæнджытæ, иллюстратортæ. Дзæуджыхъæуы 65-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ бæрæгбоны агъоммæ архайдтой бирæ мадзæлтты. Уыимæ, кæсæндоны кусæг Гæтиты Беллæ кæй сарæзта, уыцы ерыстæ «Королевы Книги»-йы. Скодтой йын хатдзæгтæ. Мадзал ссардта фæндаг сабиты зæрдæтæм. Рауад хъæлдзæг æмæ цымыдисаг. Сывæллæттæ хъуамæ базыдтаиккой уацмысты хъайтарты зарджытæй æмæ уыци-уыцитæй. Мадзалы архайджытæ зæрдиагæй архайдтой æппæт викторинæты. Аив кастысты æмдзæвгæтæ, зарыдысты, кафыдысты, хъазыдысты зоныдзинæдтæ фылдæргæнæн хъæзтытæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм мадзæлттæ сабитæм кæй гуырын кæнынц чиныгмæ уарзондзинад, уæрæхдæр кæны сæ зондахасты къæбиц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania