филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:28 воскресенье, 28 апреля 2024
13 февраля 2013, 17:34
2 сæдæ дæс мин квадратон метры афæдзы кæронмæ сараздзысты Цæгат Ирыстоны, уый фаронимæ абаргæйæ у 5 минæй фылдæр

Цæрæнуæттæ балхæнын æнцондæр уыдзæн бирæсывæллонджын бинонтæн, кредитты процентты хай фæуыдзæн 15% къаддæр.

2 сæдæ дæс мин квадратон метры афæдзы кæронмæ сараздзысты Цæгат Ирыстоны, уый фаронимæ абаргæйæ у 5 минæй фылдæр.

Цæрæнуæттæ балхæнын æнцондæр уыдзæн бирæсывæллонджын бинонтæн, кредитты процентты хай фæуыдзæн 15% къаддæр. Цæрæнуæттæ самал кæнынæн паддзахад æххуыс кæндзæн, йæ мызд бюджеты хардзæй чи исы, уыдонæн дæр, уый тыххæй пресс-конференцийы журанлисттæн фехъусын кодта архитектурæйы æмæ арæзтадон политикæйы министр Алидзаты Хъазыбег. Куыд ма загъта, афтæмæй 5 азмæ цæрынæн республикæйы арæзт æрцыд милуан квадратон метры. Адæмы фатертæй ифтонг кæныны хъуыддаджы Цæгат Ирыстон Уæрæсейы регионтимæ абаргæйæ ис раззагдæрты номхыгъды. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, иу адæймагмæ хауы 26 квадратон метры.

Алидзаты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы архитектурæйы æмæ арæзтадон политикæйы министр: «Цы фарстатæ мæм лæвæрдтой, уыдонæй афтæ зæгъæн нæй æмæ кæцыдæр фарста мæ зæрдæмæ тынгдæр фæцыд, кæцыдæр нæ фæцыд, зæгъгæ. Бæрæг уыд, зæрдæйæ фарстой, уый. Рæстдзинад сын дзырдтон. Ныртæккæ исты æмбæхсын куы райдайæм, уæд уый раст нæ уыдзæн, уæмæн æмæ адæм сæхæдæг алцыдæр зонынц. Цы аз ахицæн, уым бирæ ахæм фарстатæ уыд, афæдзы кæрон кæй райдыдтам. Æмæ сæ ацы аз кæронмæ ахæццæ кæндзыстæм. Уыдон сты «Фæныкдон»-ы фарста, рынчындæттæй кæронмæ кæй нæ сарæзтам, уыдон дæр хъуамæ фæуæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania