филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:59 вторник, 17 июня 2025
18 июля 2024, 12:09
20-æм æнусы 20-æм азты Дзæуджыхъæуы атмосферæ банкъарын, Михаил Булгаковы дунеимæ базонгæ уæвын

Ахæм фадат горæты цæрджытæн æмæ уазджытæн дæтты виртуалон спектакль «Лихорадка»

20-æм æнусы 20-æм азты Дзæуджыхъæуы атмосферæ банкъарын, Михаил Булгаковы дунеимæ базонгæ уæвын. Ахæм фадат горæты цæрджытæн æмæ уазджытæн дæтты виртуалон спектакль «Лихорадка». Бацæттæ йæ кодта Пушкины номыл нывкæнынады аивæдты паддзахадон музейы Цæгаткавказаг филиал. Интерактивон спектакль у, Булгаковы номимæ баст бынæттыл экскурси. Конд æрцыд проект «Исскуство жить дома» æххæстгæнгæйæ. Цымыдисаг проектæй спайда кæнынæн хъæуы балхæнын билет, сæрмагонд æфтуанмæ рахизын, хъустыл къæрмæджытæ бакæнын æмæ афтæмæй райдайын балц. Тезгъогæнгæйæ адæймаг хъусы радзырдмæ фыссæджы, йæ уацмысты хъайтарты, кæимæ баст уыд, уыдоны номæй. Проект æххæстгонд цæуы, музейы филиалтæ кæм ис, æппæт уыцы горæтты.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania