филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:18 суббота, 21 сентября 2024
17 сентября 2024, 11:05
20-æм сентябрьмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады организацитæ хъуамæ сæ куыст кæронмæ фæуой хъармгæнæн сезонмæ цæттæ уæвыны акттæ райсынмæ

Уый тыххæй аппаратон æмбырды загъта профилон министр Таматы Мæйрæн

20-æм сентябрьмæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады организацитæ хъуамæ сæ куыст кæронмæ фæуой хъармгæнæн сезонмæ цæттæ уæвыны акттæ райсынмæ. Уый тыххæй аппаратон æмбырды загъта профилон министр Таматы Мæйрæн. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй куыстытæ цæуынц фæткмæ гæсгæ.

Æмбырды ма ныхас цыди хъæууон хæдзарады рæзтыл. Министр Къусраты Аланы ныхæстæм гæсгæ, «Агротуризм»-ы программæйы фæлгæты дихгонд æрцыди 9 гранты, уыдонæй 4 проекты ныридæгæн царды æххæстгонд æрцыдысты. Иннæ азмæ ма ноджыдæр æвзарæн конкурс  ацыдысты агротуризмы 14 проекты.

Вице-премьер Æгъуызарты Мурат фехъусын кодта фæндаггон змæлды организацийы центры куысты тыххæй. Афтæ, ивартæй æхцайы фæрæзтæ фæстаг афæдз фæфылдæр сты дыууæ хатты. Видеоцæстдарды комплексæй иумæйаг иварты бæрц рауад 380 милуан сомы, уыдонæй 175 милуаны бафыстой.

Дзæуджыхъæуы бавнæлдтой Фæскомцæдисонты парчы рацарæзты фыццаг къæпхæнмæ. Горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтæмæй уал ныртæккæ цалцæггонд æрцæудзæн цетрон аллейæ, стæй стадион «Спартак»-ы рдыгæй чи ис, уыцы аллейæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania