Уæд эфиры цыд мæй иу хатт, йæ рæстæг дæр уыд цыбырдæр.
Нæртон адæмон артхæрæн кæхц «Уацамонгæ» ныры дуджы дæр у актуалон. Алы хуыцаубоны дæр Эфиры рацæуы радиобакаст «Уацамонгæ». Йæ автор, Къадзаты Станислав йæ уазджытимæ ныхас кæнынц нæ рагфыдæлты историйыл, æвзарынц нырыккон дуджы ахсджиаг фарстатæ.
Афтæ, Нæртон арфæтæй райдайы радиобакаст «Уацамонгæ». Йæ автор Къадзаты Станиславмæ 20 азы æнхъæлмæ кæсынц, йæ хотæ æмæ `фсымæртæ кæй хоны, уыцы радиомæхъусджытæ. Гуылæрты Барис «Уацамонгæ»-мæ фенхъæлмæ кæсы, асæст бон хурмæ куыд фенхъæлмæ кæсынц, афтæ. Суанг ма дзыппы хæсгæ радио дæр балхæдта.
Гуылæрты Барис, Радиобакаст «Уацамонгæ»-мæ хъусæг: «Ирыстоны куы азæлынц «уацамонгæ»-йы зæлтæ, Къадзаты Станиславы хъæлæс, уæд мыл хур ракæсы. Уымæн æмæ адæмæн хæссы фарн, кад, намыс, нæ фыдæлты æгъдæуттæ. Кад кæны кусæг, фæллоæгæнæг адæмæн. Спорты чи фесгуыхт, нæ царды разангард тых чи дæтты, уыцы хъуыстгонд адæмæн».
Канд «Уацамонгæ» нæ, фæлæ Къадзаты Станислав цы радиобакастытæ цæттæ кæны, уыдонмæ се ппæтмæ дæр æнхъæлмæ кæсы Дæргъæвсаг, ахуырады иттæг хорз кусæг Уататы Азæ дæр.
Уататы Азæ, Радиомæхъусæг: «Мыггагæй мæ бафæрс, уый дæр тынг хорз радиобакаст. Фæлæ ацы «Уацамонгæ»-йæн дзы æмбал нæй. Æрбакæны Ирыстоны дзырддзæугæ адæмы æмæ ныхас фæкæны. Уый хуызæн лæппутæ куы уа ирон æвзаджы, уæд йæхи загъдау, «Унорст цæхæр – нæ мадæлон æвзаг, йæ тафс, йæ хъомыс бирæ азты фаг». Æмæ æцæгæй дæр афтæ у. Станислав ирон æвзагæн у йæ «Донбай æгъдынцой», «Йæ цæугæ хох», «Йæ лæугæ мæсыг».
«Уацамонгæ»-йæн стыр аргъ кæнынц, ирон æвзагмæ стыр æвæрæн чи хæссы, уыцы адæм.
Джусойты Клавдийæ: «Васо раст загъта, «æвзаг нæй, адæм дæр нæй. Æвзаг нæй, наци дæр нæй, сомбон йын нæй уæд!. Æмæ Станислав уый тынг æмбары. Æмæ йын æз зæгъын стыр бузныг, ахæм бакаст кæй æрхъуыды кодта æмæ йын ахæм куырыхон ном дæр кæй радта, уымæй. Уымæн æмæ уый æвæццæгæн йæ уды хъæд у. Поэт сабийæ уæлдай нæу. Уый уарзы рæвдауын æмæ абон бузныг зæгъæм ахæм ралæвæрд кæй æрхъуыды кодта æмæ йын йæ хæстæ кæй æххæст кæны. Æппæт традицитæ Нарты эпосæй абонмæ».
Радиобакаст «Уацамонгæ» кæд комкоммæ эфиры вæййы, уæддæр ыл иу боны куыст нæй. Редактор Къадзаты Станислав æрмæджытыл хъуыды кæны рагагъоммæ. Эфиры кæй хъæлæстæ уыдзæн, цавæр музыкæ ратдзысты. «Æз мæхæдæг ницы саразин» зæгъы фырнымд редактор «мæ алы варс тыхджын æмкуысджытæ куы нæ æрбалæууид, уæд». Æмæ æцæгæй дæр афтæ у. Цалынмæ эфиры зарæг цæуы, уæдмæ канд йæ уазджытимæ нæ уынаффæ кæны, фæлæ эфир кæмæй аразгæ у, уыцы адæмимæ – видеоинженертимæ дæр.
Къадзаты Станислав, Радиобакаст «Уацамонгæ»-йы редактор: «Акæс фæстæмæ – фидæны рухсæн. Алцы рæстæгмæ Ир та –æнустæм». Æмæ цæмæй зонæм æнусон хæзнатæ æмæ усмон цинтæй сæ хицæн кæнæм, уымæн райгуырди 20 азы размæ уацæмонгæ. Нæ раст ныхас у, нæ аразæг. Мæнг ныхас та- сафæг. Уацамонгæ Нарты рæстæвзарæн куы сси кæхц, уадз æмæ уа радиойы дæр. Цæмæй зонæм кæдæм цæуæм уый. Чи стæм, цы стæм æмæ нын цавæр нысан ис».
Уацамонгæйы æлвæст хъуыдытæй бирæ адæм пайда кæнынц царды. Зæгъæм, Хæлы лæг хæлæгæй, кæннод та Дуне кæстæрæй фидауы, æмæ ма уыцы хъуыдытæй растдæр цы уа. Уæдæ бæлвырдæй ис зæгъæн «Уауамонгæ»-раст амонгæ удæн æмæ армæн.
Моргуаты Ладæ




