Сæ хъахъхъæнынц паддзахадон æмвæзадыл
20 мин рагон уникалон чиныджы Цæгат Ирыстоны национ наукон библиотекæйы фондæй хаст æрцыдысты чингуыты цыртдзæвæнты æппæтуæрæсеон хыгъдмæ, æмæ сæ хъахъхъæнынц паддзахадон æмвæзадыл. Сæ тематикæ у бирæвæрсыг. Се хсæн – ирон æвзагыл фыццаг мыхуыргонд хуыцаумæ куывдтыты чиныг. Уæвгæ та, Наукон библиотекæйы стæм чиныджы хайад ныртæккæ нымад у чингуыты цыртдзæвæнтимæ куысты регионалон центрыл. Темæйыл дарддæр дзуры Гуытъиаты Алинæ.
Ацы рагон чиныг рухс федта 1717 азы паддзах Петр Великийы фарсхæцтæй. Кæд ыл æнустæ рацыд, уæддæр ахсджиаг у абоны царды. «Юности честное зерцало» раст цыма сæрмагондæй абоны фæсивæдæн ныффыстой, афтæ у. Ис дзы, рæзгæ фæлтæрæн алы уавæрты хи куыд даргæ у, уый. Национ библиотекæйы стæм чингуыты хайады ис ссæдз ахæм рагон чиныджы. Се ппæт дæр хаст æрцыдысты чингуыты цыртдзæвæнты æппæтуæрæсеон хыгъдмæ æмæ сæм ис паддзахадон цæстдард. Мыхуыры фæрæзты тематикæ у бирæвæрсыг. Се хсæн ис, ирон æвзагыл фыццаг чиныг. Уый у хуыцаумæ куывдтыты æмбырдгонд. Мыхуыры рацыдис синодалон типографийы 1798 азы. Йæ тираж уыдис иу мин экземпляры.
Революцийы агъоммæйы æппæты егъаудæр рауагъдад у Император Алыксандр Дыккаг æмæ йæ цардæмбал Мария Александровнæйы коронацион æмбырдгонд. Ныммыхуыр æй кодтой 1856 азы. Йæ тираж уыдис æрмæстдæр дыууæсæдæ экземпляры. Чиныг аивгонд у, уæды заманы хуыздæр нывгæнджыты нывтæй. Ахæм диссаджы чингуытæн стыр аргъ кæнынц чиныгуарзджытæ. Уыдон сыфтæ фæлдахгæйæ æмхиц кæнынц ивгъуыд дуджы комулæфтмæ. Фæлæ рæстæг æгъатыр у. Нæ ауæрды ацы стæм чингуытыл дæр. Æрмæст коронацион æмбырдгонды рацарæзтæн бахъæудзæнис фондзсæдæ мин сомы. Нырма уал йæхи хардзæй библиотекæ базылдис Къубалты Алыксандры уацмысты фыццаг æмбырдгонды цыппар чиныгмæ.
Чингуытæ сты сæрмагонд æвæрæнты мидæг. Уый сæ хъахъхъæны рæстæджы рыгæй. Чиныгкæсджытæ та сæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц, цæмæй иннæ фæлтæртæм дæр фæхæццæ уой, уый тыххæй.
