28 марта 2023, 11:34
200 мыдадзын цырагъæй фылдæр сæрмагонд операцийы зонæмæ арвыстой Мæздæджы техникумы студенттæ
Акци «Моздок согреет теплом» æххæстгæнгæйæ расидтысты тарæ æмæ цырæгътæ цæттæ кæнынæн хъæугæ фæрæзты æмбырд
Акъопты кæмæй пайда кæндзысты, ахæм 200 мыдадзын цырагъæй фылдæр сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ арвыстой Мæздæджы механикон технологон техникумы студенттæ æмæ педагогтæ. Акци «Моздок согреет теплом» æххæстгæнгæйæ расидтысты тарæ æмæ цырæгътæ цæттæ кæнынæн хъæугæ фæрæзты æмбырд. Станицæ Терскæйы аргъуан сын радта сой. Цалдæр боны дæргъы техникумы агъуыстытæй иу сси æцæг æрмадзы хуызæн. Ахæм хиконд мыдадзын цырагъ судзы 6-æй 15 сахаты онг. Уый аразгæ у, тарæ цæййас у, æмæ дзы цас сой æмæ парафин ис, уымæй. Сæрмагонд технологимæ гæсгæ конд банкæ бирæ рæстæг баззайы хъармæй.
темæмæ гæсгæ




