филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:12 вторник, 16 декабря 2025
10 апреля 2014, 16:56
2010-æм азы 9-æм сентябры Дзæуджыхъæуы сæйраг базары цур теракт чи сарæзта, уыцы фыдгæнджыты къорды сæргълæууæгæн рахастой йæ царды кæронмæ ахæстоны фæбадыны тæрхон

Къорды иннæ уæнгтæ та ахæстоны фæбаддзысты 14 азæй 25 азы онг. Теракты архайджыты зылын кæнынц 24 фыдракæндæй. Уыдонæй 2 сарæзтой Цæгат Ирыстоны, 22 – Мæхъæлы республикæйы.

2010-æм азы 9-æм сентябры Дзæуджыхъæуы сæйраг базары цур теракт чи сарæзта, уыцы фыдгæнджыты къорды сæргълæууæгæн рахастой йæ царды кæронмæ ахæстоны фæбадыны тæрхон
Къорды иннæ уæнгтæ та ахæстоны фæбаддзысты 14 азæй 25 азы онг. Теракты архайджыты зылын кæнынц 24 фыдракæндæй. Уыдонæй 2 сарæзтой Цæгат Ирыстоны, 22 – Мæхъæлы республикæйы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2010-æм азы 9-æм сентябры Дзæуджыхъæуы сæйраг базары цур террорист срæмыгъта автомашинæ «Волгæ». Рæмудзæн æрмæджы тых хæццæ кодта тротилы 40 килограммæ. Фыдракæнды фæмард ссæдз адæймаджы, 200 адæймагæй фылдæр та цæфтæ фесты. Тæрхоны æрмæджытæ дыууæ боны хъусын кодтой Ростовы Цæгат Кавказы æфсæддон зылды тæрхондоны залы.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania