филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:20 пятница, 03 апреля 2026
15 февраля 2013, 14:16
2012-æм азы архивон службæйы райрæзтыл хардзгонд æрцыд 2 милуан сомы бæрц

Уыцы фæрæзтæ рахид кодтой республикон программæ æххæстгæнгæйæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны архивон службæйы хатдзæгтæгæнæн коллегийы æмбырды куыстуаты разамонæг Нина Чиплакова.

Уыцы фæрæзтæ рахид кодтой республикон программæ æххæстгæнгæйæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны архивон службæйы хатдзæгтæгæнæн коллегийы æмбырды куыстуаты разамонæг Нина Чиплакова. Бантыст сцалцæг кæнын ведомствæйы бæстыхай, æххæстгонд æрцыд компьютертæй, мыхуыры рацыд æмбырдгонд «Ирыстоны бирæконфессион æмæ бирæнацион традицитæ». Хаст æм æрцыдысты 1742-æй – 1917 азы онг документтæ. Æмтгæй райсгæйæ, ивгъуыд аз службæ ахадгæ куыст бакодта. Арæзт æрцыд бирæ мадзæлттæ Уæрæсейы историйы азы, Фыдыбæстæйы хæсты Уæлахизы 200 азы, Кавказы тохы 70 азы æмæ æндæр ахсджиаг темæтыл. Стыр куыст бакодтой республикæйы организациты паспортизацийы фæдыл. Бæлвырдгонд æрцыд 400 организацийы архивы. Паспортизацийы хатдзæгтæм гæсгæ архивон службæйы хыгъды ис милуан 300 мин документæй фылдæр. Федералон архивон агентад Цæгат Ирыстоны архивон службæйы бахаста программæ «Уæрæсейы культурæ»-йы хыгъдмæ. Уый фæрцы дихгонд æрцæудзæн фæрæзтæ архивон документтæ нырыккон хуызмæ раивынæн.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania