филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:20 воскресенье, 29 сентября 2024
11 января 2013, 09:18
2013 азы УФ-йы фæзынд бирæ ног закъонтæ

Ивддзинæдтæ æрцыд ведомствоты æмæ министрадты куысты дæр.

Ивддзинæдтæ æрцыд ведомствоты æмæ министрадты куысты дæр. Æппæт уыцы ногдзинæдты нысан у Уæрæсейы цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын.

Уымæ гæсгæ Пенсион æмæ Социалон фæдзæхстады фондтæ бакуыстой, цæмæй 2013 аз Уæрæсейы цæрджыты пенситыл æмæ социалон фиддонтыл бафта.

2013 азы фæцæрынæн æппæты къаддæр бæрц цас хъуамæ уа, уый бæрæг кæнгæйæ, специалисттæ се ргом аздæхтой уымæ, цæмæй нæ бæстæйы цæрджытæ хæрой фылдæр дыргътæ, халсартæ, кæсаг æмæ æндæр, æнæниздзинадæн пайда чи у, ахæм продукттæ.

Уымæ гæсгæ ацы аз фæцæрынæн æппæты къаддæр бæрц сси 6 мин сомæй гыццыл фылдæр. Æппæты къаддæр мызд та сси 5 200 сомы. Аивта пенситы бæрц дæр. Ныр æппæты къаддæр пенси хъуамæ 5 200 сомæй къаддæр ма уа. Фæлæ ма йыл уымæй уæлдай 2013 азы бафтдзæн дыууæ хатты.

Быгъуылты Земфирæ, УФ-йы Пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæйы кусæг: «Фæллойадон пенситæ 2013 азы фæфылдæр уыдзысты 2 хатты. Фыццаг индексаци уыдзæн 6-7 %. 2-аг индексаци та уыдзæн 2-æм апрелы, уыдзæн 3 %. Августы та нымад æрцæудзæн, чи кусы, уыдоны пенситы бæрц. 1-æм апрелы ма фæфылдæр уыдзæн социалон пенситы бæрц дæр. Уымæй уæлдай бафтыд мадæлон капиталыл. 2013 азы уыдзæн 409 мин сомы».

2013 азы индексацигонд æрцæудзысты социалон фиддонтæ дæр. Аивдзæн мадæлон капитал, стæй ноггуырдты пособитæ дæр.

Айларты Зæлинæ, УФ-йы Социалон фæдзæхстады фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæг: «Æхцайы фæрæзтæй куы нымайæм, уæд 2,5 мин сомы исдзæн фыццаг сывæллон кæмæн райгуырд, уый. 2,3, 4-æм сывæллон кæмæн райгуырд. Уыдонæн та 5 000 сомы уыдзæнис».

Ис ма иу ногдзинад. Ныр декреты цæугæйæ, сылгоймагæн нымад цæудзысты, æрмæстдæр фæстаг дыууæ азы цы бакуыста, уыцы `хца. Индексацигонд æрцæудзысты иннæ социалон фиддонтæ дæр.

Айларты Зæлинæ, УФ-йы Социалон фæдзæхстады фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæг: «Уæрæсейæ ссыд гæххæт индексацийы тыххæй. Æмæ уымæ гæсгæ скодтам нæ хабæрттæ. Æмæ нæм цы къордтæ ис: йе нæниздзинд хъыгдард кæмæн у, куысты бынаты йæ чи фесæфта, уыдонæн се ппæтæн дæр ногæй æркастыстæм сæ гæххæттытæм æмæ 1-æм январæй сты ног размертæ».

2013 азы домæнтæ фæкарздæр уыдзысты, фæндæгтыл цæуыны æгъдæуттæ чи халы, уыдонмæ дæр. Зæгъæм, йæ ныхмæ чи цæуы, шофыр уыцы фæндагмæ куы бахиза, уæд ивар бафиддзæн 5 000 сомы. Дыккаг хатт ма куы бакæна афтæ, уæд инспектортæн бар ис шофырæн йæ гæххæттытæ афæдзмæ байсын. Машинæ ОСАГО йы фæдзæхстады номхыгъды куы нæ уа, уæд ист цæудзысты йæ номыртæ.

Бæгæны нымад æрцыд карз нозтыл æмæ йæ ныр уæйгæнæн ис æрмæстдæр стыр дуканиты. Уыимæ зынаргъдæрæй.

Дзæвгар бафтдзæн карз нозты аргъыл дæр. Фæлæ цæмæй Цæгат Ирыстоны карз нозтуадзæг куыстуæтты архайд ма фæкъуылымпы уа, уый тыххæй сфидар кодтой республикон закъон. Уымæ гæсгæ цы хъалонтæ фидынц, уыдоны кæцыдæр хай сæм здæхдзæн фæстæмæ. Уый хъуамæ баххуыс уа, республикæйы карз нозты аргъ æгæр бæрзонд куыд нæ уа, уымæн.

Ис ма иу ногдзинад. Ацы азæй фæстæмæ бæрнон кусджытæ дзуапп дæтдзысты æрмæст се фтиæгты тыххæй нæ, фæлæ ма цы схардз кодтой, уый тыххæй дæр.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania