филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:32 воскресенье, 14 декабря 2025
23 июня 2014, 11:07
2014-æм азы 23-æм июны Уæрæсейы Банчы бардзырдмæ гæсгæ Инвестицион Акционерон банк «Дигбанк»-æн ист æрцыды йæ лицензии

«Федералон закъонмæ æмæ Уæрæсейы банчы нормативон гæххæттытæм гæсгæ кæй нæ куыста, уый тыххæй «Дигбанк» æрцæудзæн æхгæд» – хъусын кæны Уæрæсейы центрон банчы официалон сайт.

73080
Федералон закъонмæ æмæ Уæрæсейы банчы нормативон гæххæттытæм гæсгæ кæй нæ куыста, уый тыххæй «Дигбанк» æрцæудзæн æхгæд» – хъусын кæны Уæрæсейы центрон банчы официалон сайт.

Куыд рабæрæг, афтæмæй «Дигбанчы» хатдзæгтæгæнæн гæххæттытæ раст не сты, ис дзы бирæ рæдыдтытæ æмæ аиппытæ, афæдзмæ цалдæр хатты ахызт федералон закъоны 7-æм статьяйы сæрты – Уыцы статьяйæ та азымджын вæййынц, æхца æнæзакъонæй чи бакуыста æмæ барадхалджытимæ æмгуыст чи кодта, стæй терроризмæн æхцайæ чи ххуыс кæны, уыдон.

Уымæй уæлдай цы кредиттæ лæвæрдтой, уыдон цавæр организацитæн æмæ цæуыл хардзгонд цыдысты, уыдон закъонмæ гæсгæ кæй уыдысты, уый дызæрдыггаг у.

Уæрæсейы центрон банк гуырысхо кæуыл кæны, ахæм операцитæ «Дигбанк» æрмæст 2014 азы 1-аг кварталы скодта 1 миллиард 200 мин сомы.

«Дигбанчы» æхца кæмæн уыд, уыцы адæмæн та сæ афоныл сæ бон раттын нæ уыд. Ныр адæм алы бон дæр æмбырд кæнынц банчы хайады цур. Фæлæ сын бæлвырд информаци ничи дæтты. Уавæр раиртасыныл бацархайдтой дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ дæр. Иу цасдæр рæстæджы фæстæ банчы кусджытæ рацыдысты адæмы размæ, фæлæ дзыллон информацион фæрæзтимæ дзурыныл не сразы сты.

Ацы сахатмæ банкæй цы информаци ис, уый та у адæмы хцаты фæдзæхстады агентад, уымæ гæсгæ дыууæ къуырийы фæстæ, ома 7 июльмæ банчы 700 000 сомы онг кæмæн уыд, уыцы адæмæн сæ райдайдзысты фидын.

4 боны фæстæ та адæмы хцаты фæдзæхстады агентад конкурсмæ гæсгæ сбæрæг кæндзæн адæмæй курдиæттæ чи исдзæн æмæ сын се хца чи фиддзæн, уыцы банкты номхыгъд.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania