филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:52 вторник, 16 декабря 2025
14 марта 2014, 11:45
2014-æм Уæрæсейы нысангонд у культурæйы азыл

Цæгат Ирыстоны та республикæйы сæргълæууæджы бардзырдмæ гæсгæ нымад у Хетæгкаты Къостайы азыл. Ацы 2 темæимæ баст мадзæлттæ арæзт цæудзысты афæдзы бæрц.

2014-æм Уæрæсейы нысангонд у культурæйы азыл
Цæгат Ирыстоны та республикæйы сæргълæууæджы бардзырдмæ гæсгæ нымад у Хетæгкаты Къостайы азыл. Ацы 2 темæимæ баст мадзæлттæ арæзт цæудзысты афæдзы бæрц. Уыдонæн бындур сæвæрдта аивæдты дæсныты концерт Тæбæхсæуты Балойы номыл театры.

Аивæдты дæсныты концерт райдыдта паддзахадон филармонийы оркестры цагъдæй. Разамынд ын лæвæрдтой æрыгон дирижертæ Тедеты Хетæг æмæ Муриты Данæ. Ацы сфæлдыстадон изæрæй Цæгат Ирыстоны байгом культурæйы аз. Уый тыххæй йæ раныхасы фехъусын кодта культурæйы æмæ дзыллон коммуникациты министр Хæбæлаты Фатимæ.

Аивæдты дæсныты концерты архайдтой республикæйы зындгонддæр артисттæ. Адæмон инструментты оркестр акодта 3 цагъды: «Ирон кафт», «Чызджыты хъазт» æмæ «Хъуыбады». Йæ разамонæг Гæздæнты Булат куыд загъта, афтæмæй йæ зæрдæ дары, ацы аз культурæйы къабазы райрæзтыл хорзырдæм кæй фæзындзæн, ууыл.

Аивадон изæры архайджытæ се сфæлдыстадон арæхстдзинад æвдыстой алы жанрты – зарæг, кафт, театралон монолог. Культурæйы къабазы минæвæрттæ куыд загътой, афтæмæй ахæм концерт республикæйы 15 азы бæрц нæ уыдис.

Культурæйы аз республикæйы нысангонд æрцыд Хетæгкаты Къостайы азыл, йæ райгуырдыл 155 азы кæй æххæст кæны, уымæ гæсгæ. Сæйрагдæр мадзæлттæ баст уыдзысты ацы цау бæрæг кæнынимæ. Уыдзæн ма æндæр цымыдисаг мадзæлттæ дæр. Культурæйы æмæ дзыллон коммуникациты министрады куыд загътой, афтæмæй республикæйы аивадуарзджытæн бацæттæ кодтой хъæздыг программæ.

Хъайтмазты Дзерассæйæн

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania