филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:06 воскресенье, 06 октября 2024
04 сентября 2014, 11:33
2015-æм азы Дзæуджыхъæуы байгом кæндзысты 5 спортивон фæзы

Спортивон цæттæдзинад аразгæ у æрвылбоны тренировкæтæй. Уымæ гæсгæ, цас фылдæр спортивон фæзтæ уа, уыйас хуыздæр. Цæгат Ирыстоны царды уадзынц сæрмагонд программæ æнæниз цардыуаг парахат кæнынæн. Уымæ гæсгæ ацы бонты горæты фондз районы кадджын уавæры бындур сæвæрдтой 5 ног фæзæн. Алкæцыйы дæр дзы сæвæрдтой капсултæ. Кадджын мадзалы архайдта УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Хæдарцаты Махарбег.

73322
Спортивон цæттæдзинад аразгæ у æрвылбоны тренировкæтæй. Уымæ гæсгæ, цас фылдæр спортивон фæзтæ уа, уыйас хуыздæр. Цæгат Ирыстоны царды уадзынц сæрмагонд программæ æнæниз цардыуаг парахат кæнынæн. Уымæ гæсгæ ацы бонты горæты фондз районы кадджын уавæры бындур сæвæрдтой 5 ног фæзæн. Алкæцыйы дæр дзы сæвæрдтой капсултæ. Кадджын мадзалы архайдта УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Хæдарцаты Махарбег.

Темыраты Гермæнæн кикбоксинг канд уарзон спорты хуыз нæу, фæлæ йын у йæ царды ахсджиаг хай, – зæгъы лæппу. Йæ хорз спортивон цæттæдзинад та аразгæ у æрвылбоны тренировкæтæй. Уымæ гæсгæ, ног тренировкæтæгæнæн фæз кæй фæзындзæн, уый ратдзæн фадат фылдæр спортивон æнтыстдзинæдтæн. Уæвгæ, раздæр ам фæсивæдæн уыд футболæй, баскетболæй æмæ волейболæй хъазынæн уавæртæ. Фæлæ рæстæг куыд цыди, афтæ ацы бынат заууатмæ цæуын райдыдта. Бынæттон цæрджытæн баххуыс кæныны хæс сæхимæ райстой Дзæуджыхъæуы администраци æмæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады минæвæрттæ. Ацы бонты горæты фондз районы кадджын уавæры бавæрдтой капсултæ фидæны спортивон фæзтæн.

Тугъанаты Измаил: «Ацы спортивон фæзтæ кæй аразынц, уый тынг хорз у. Мах зæронд адæ мам куы фæбадæм, æмæ хъæлдзæг сывæллæттæм куы фæкæсæм, уæд нын тынг æхсызгон вæййы. Цы ма уа уымæй хуыздæр».

Спортивон æнтыстдзинæдты æмæ стыр уæлахизты тыххæй Паддзахадон Думæйы депутат Хæдарцаты Махарбег хорз зоны. Бабæрæг кодта фидæны фæзтæ æмæ загъта, æнæниз цардыуаг парахат кæнгæйæ хуыздæр уавæртæн скæнæн нæй. Спорты райрæзты программæ нæ республикæйы кусы, куыд æмбæлы, афтæ.

Хæдарцаты Махарбег, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат: «Адæймагыл азтæ куы рацæуа, уæд хъуамæ кæстæр фæлтæрыл хъуыды кæна. Уымæн æмæ сывæллæттæ сты нæ фидæн, æмæ махæй аразгæ у, цас рæсугъд фидæн нын рауайдзæн, уый. Хъуамæ сывæллæттæ уой хъæлдзæг. Ууыл архайæм. Ахæм фæзтæ нæ горæты фæзындзæн 16».

Ног фæзтæ дзуапп дæтдзысты тæккæ нырыккондæр домæнтæн. Футбол, волейбол æмæ теннис чи уарзы, уыдонæн цыфæнды афон дæр уыдзæн спорты ацы хуызтæй архайыны фадат. 5 спортивон фæзы байгом кæндзысты 2015-æм азы. Æдæппæтæй та сæрмагонд программæ царды уадзгæйæ æмæ æнæниз цардыуаг парахат кæнгæйæ, Дзæуджыхъæуы хъуамæ байгом кæной 16 спортивон фæзы.

Фидараты Маринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania