филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:19 вторник, 16 декабря 2025
27 апреля 2018, 12:25
2017-æм азы мартъийы Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд Акционерон Æхсæнад «Газпромы» Разамынды Сæрдар Алексей Миллеримæ

Уæд иумæ рахастой уынаффæ, нæ республикæйы æппæт районтæм, се хсæн дæрддзæф хæххон хъæутæ дæр, æрдзон газ бауадзын.

2017-æм азы мартъийы Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд Акционерон Æхсæнад «Газпромы» Разамынды Сæрдар Алексей Миллеримæ
2017-æм азы мартъийы Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд Акционерон Æхсæнад «Газпромы» Разамынды Сæрдар Алексей Миллеримæ. Уæд иумæ рахастой уынаффæ, нæ республикæйы æппæт районтæм, се хсæн дæрддзæф хæххон хъæутæ дæр, æрдзон газ бауадзын. Уыцы хъуыддагыл куыстытæ рагæй цыдысты. Зæгъæм, Уыналæй – Фыййагдонмæ газудзæны арæзтад нысан кæнынц майы фæуын. Бæлвырддæр Моргуаты Ладæ.
Гуыриаты Верæйыл цæуы 80 азæй фылдæр, зæгъæн ис æмæ сугтæ сæттын сси йæ дæсныйад. Цæрæнбонты хæдзары пец æндзарынц хъæдæрмæгæй. Зæгъæн ис Уыналæй Фыййагдоны онг цы хъæутæ ис, уыдоны цæрджытæ æнæ фæллойæ цай дæр не сфыццысты. Ныронг сæм æрдзон газ нæ бахæццæ.
2008-æм азæй цæрджытæн æвæрынц ныфс. Фæлæ куыстытæ райдытой фарон. Хæххон уавæрты архайын æнцон нæу. Газы хæтæл кæуылты ацæудзæн, уымæн йæ æппæты бæрзонддæр æмвæзад у 2700 метры. Йæ дæргъ та 47 километры.
Дæллаг æмæ Уæллаг Уынал, Хидыхъус, Урыхъæу, Холст, Уæллаг Фыййагдон – 8 хъæуы хаст æрцыдысты регионты газы программæмæ. Полиэтиленæй газы хæтæлтæ сæвæрдтой зæххы 1 æмæ æрдæджы арфы рагацау цы траншейæ бацæттæ кодтой, уым, æмæ сын тæссаг ницæмæй у. Специалисттæ зæгъынц æппын къаддæр фæлæудзысты 50 азы. Бынæттон цæрджытæ та кæд æмæ сахуыр сты сугтæй нæдзарын, уæддæр æнхъæлмæ кæсынц сæ царды ногдзинадмæ.
Ныр та уал аразджытæ нывыл кæнынц, газы хæтæл цы рæтты ацыд, уый æмæ майы кадджын уавæры æрдзон хорзæх лæвæрд æрцæудзæн дæрддзæф хохаг хъæутæм.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania