Ацы фарстайыл бакусыны хæс радта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав.
2020-æм азæй фæстæмæ, Цæгат Ирыстоны сног кæндзысты 10 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм транспорты хъалонты регионалон льготæтæ. Ацы фарстайыл бакусыны хæс радта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Ууыл ныхас цыди амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæныны æххæстбарджын минæвар Медойты Тимуримæ фембæлды рæстæг. Адæмы бирæ курдиæтты фæстæ Цæгат Ирыстоны разамынд снысан кодта, хъалонты политикæйы системæмæ ивддзинæдтæ бахæссын, æмæ машинæйæн йæ кармæ гæсгæ йæ хъалон фæкъаддæр кæнын. Ацы закъонмæ каст æрцæудзæни республикæйы Парламенты хæстæгдæр æмбырды. Фембæлды ма ныхас цыди Цæгат Ирыстоны амалхъомдзиндады рæзтæн цы бæлвырд гæнæнтæ арæзт цæуы, уыдоныл. Битарты Вячеславы базонын фæндыди, республикæмæ инвесторты æргом здахыны мадзæлттæ дæр. Медойты Тимур куыд фæнысан кодта, афтæмæй фæстаг рæстæг республикæйы бирæ хъуыддæгтæ конд æрцыди, цæмæй бизнесæн къуылымпытæ ма уа, уый тыххæй. Хатдзæгтæ хынцгæйæ хорзыл банымайæн ис – стыр æмæ нæм ахадгæ инвестортæ кæй фæзынди, уый. Амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæныны æмæ сын æххуыс кæныны фарстамæ республикæйы сæргълæууæг йæ цæст дардзæн йæхæдæг.




