филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:09 воскресенье, 01 февраля 2026
08 ноября 2019, 17:57
2020-æм азы Дзæджыхъæуы райдайдзысты аразын ног, социалон æгъдауæй ахсджиаг объекттæ

Нæ горæты райрæзты фыццаградон фарстатыл дзырдтой Битарты Вячеслав æмæ Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды сæрдар Икъаты Русланбег

2020-æм азы Дзæджыхъæуы райдайдзысты аразын ног, социалон æгъдауæй ахсджиаг объекттæ. Нæ горæты райрæзты фыццаградон фарстатыл дзырдтой Битарты Вячеслав æмæ Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды сæрдар Икъаты Русланбег. Иннæ аз Заводскойы поселочы федералон программæмæ гæсгæ сараздзысты дыууæ рæвдауæндоны. Алкæцыйы дæр дзы уыдзæнис бынат 280 сывæллонæн. Уый фæрцы поселочы алыг кæндзысты рæвдауæндæттæм рады лæууыны фарста. Уымæй дарддæр ног азы райдайдзæн Дзæджыхъæуы 11-æм скъолайы рацарæзт. Куыст цæудзæнис куыд федералон, афтæ республикæйы бюджеты фæрæзтæй. 2020-2021-æм азты Тельмæны уынджы райдайдзысты аразын бирæфатерон хæдзар. Цалдæр азы размæ объект банымадтой кæлæддзагыл. Ног бæстыхайы уыдзæнис фондз уæладзыджы æмæ фæндзай фатеры. Битарты Вячеслав æмæ Икъаты Русланбег ма дзырдтой, хæрзвадат горæты программæ куыд æххæстгонд цæуы, ууыл дæр. Программæйы фæрцы саив кæндзысты æхсæнадон бынæттæ æмæ бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ. Хицæнæй ма æрлæууыдысты Сабырдзинады проспекты рацарæзты темæйыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania