филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:11 суббота, 28 сентября 2024
24 марта 2021, 13:58
2021-æм азы Æрыдоны районы цæрæнуæттæн сертификаттæ райстой 12 бинонтæ

Бынæттон администрацийы зæгъынц, цæмæй ацы азы пълан сæххæст кæной, уый тыххæй спайда кодтой районы администрацийы фæрæзтæй дæр

Паддзахадон программæтæ æххæстгæнгæйæ, 2019-æм азы Æрыдоны районы та цæрæнуæттæй ифтонг кæныны сертификаттæ райстой 10 бинонтæ. 2020-æм азы æртындæс, ацы аз та дыууадæс бинонтæ. Бынæттон администрацийы зæгъынц, цæмæй ацы азы пълан сæххæст кæной, уый тыххæй спайда кодтой районы администрацийы фæрæзтæй дæр. Цæрукъаты бинонты ис æртæ сывæллоны. Цæрынц æнгомæй, фæлæ сæ кадратон метртæ уынгæг кæй сты, уымæй тыхсынц. Сæ хæдзар у зæронд, центрон хъармгæнæн æмæ дзы дондзæуæн системæтæ нæй. Дон хæссынц уынгæй. Фæлæ хæстæгдæр рæстæг сæ хъуыддаг аивдзæн. Фæнд кæнынц хи хæдзар балхæнын. Уый сын у паддзахады лæвар. Дыууæ азы размæ сæ документтæ балæвæрдтой бынæттон администрацимæ. Æмæ ныр сертификат райстой социалон фиддонтæй сын спайда кæныны бар кæй ис, уый тыххæй. Ныр сын бантысдзæн сæ рагон бæллиц сæххæст кæнын. Паддзахад банчы хыгъдмæ цы фæрæзтæ бахæсдзæн, уыдон гыццыл не сты. Нымад дзы цæуынц бинонты уæнгтæ иууылдæр. Æхца бахæссæн ис ипотекон кредиты хæсы ныхмæ, кæнæ та – сæрмагондæй цæрæнуат балхæнынмæ. Сертификат райсынмæ рады слæууын сæ бон у, 35 азы онг кæуыл цæуы, ахæм къæйттæн. Фæлæ фыццаградонтæ сты сывæллæттæ кæмæн ис, ахæм бинонтæ. Бинонты хъуамæ банымайой фæкæсынхъуагыл, стæй хъуамæ сæ бон фидын уа.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania