филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:15 суббота, 28 сентября 2024
13 января 2021, 11:44
2021-æм азы мадæлон капитал фæфылдæр

Фиддонтæй уæлдай ма индексаци фæзындзæни, фæрæзтæй ма цы баззад, уыдоныл дæр

2021-æм азы мадæлон капитал фæфылдæр. Фиддонтæй уæлдай ма индексаци фæзындзæни, фæрæзтæй ма цы баззад, уыдоныл дæр. Паддзахад æххуысы бæрц фæфылдæр кодта 3,7%.

Чъерджиаты Заремæ у дыууæ сывæллоны ныййарæг. Куыд зæгъы, афтæмæй ахæм лæварыл Ног азмæ хъуыды дæр нæ кодта. Æнæнхъæлæджы паддзахадæй лæвар. Мадæлон капитал индексаци скодтой. Ныртæккæ та ма системæ у  æнцондæр æмæ автоматизацигонд. Уыдæттæ Заремæ базыдта смс-хъусынгæнинагæй.

Заремæ дыккаг сывæллонæн фæрæзтæ райста, æмæ сын сæ иу хай хардз дæр бакодта. Фæлæ ма йæм дзы баззад. Ног фæткмæ гæсгæ уыдонæн дæр ис индексаци скæнæн. Фæрæзтæ фæфылдæр уыдзысты 3 æнæхъæны æмæ 7 дæсæм хайы %. Ацы аз мадæлон капиталы бæрц фыццаг сывæллонæн суыдзæни 484 мин сомы, дыккаг сывæллонæн та – 640 мин сомы. Кæд æмæ бинонтæ уымæй размæ райстой мадæлон капитал, уæд сын уæлæмхасæн уыдзæни 155 мин сомы фылдæр. Афтæмæй, æхцайы иумæйаг бæрц суыдзæн 639 мин сомы.

Процесс фæтагъддæр кæнынæн ма æрхъуыды кодтой ноджыдæр æндæр мадзæлттæ дæр. Сертификат дæтдзысты фондз боны æмгъуыды. Курдиатмæ та каст цæуыдзæни раздæрау мæй нæ, фæлæ дæс боны. Хъуыддаг æнæкъуылымпыйæ куы ацæуа, уæд æхца хыгъдмæ бахæсдзысты 3 кусгæ бонмæ. Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм, фаронæй фæстæмæ мадæлон капиталы тыххæй курдиат фыссын нал хъæуы. Арæзт цæуы сывæллоны райгуырды æвдисæндармæ гæсгæ. Бадæттынц æй къайад фидаргæнæн хайадæй. Уырдыгæй бæрæггæнæнтæ лæвæрд цæуынц Уæрæсейы Пенсион фондмæ. Уый фæстæ цæттæ сертификат хаст æрцæуы паддзахадон лæггæдты сайты хи кабинетмæ. Кæд адæймаг ацы порталы регистрацигонд нæу, уæд раздæрау  бадæттæн ис курдиат дæр.

Паддзахадон программæ йæ тыхы куы бацыди, уæдæй нырмæ, мадæлон капитал райсынæн бар райстой 62 мин бинонтæ. Уыдонæй 40 минæй ныридæгæн хайгай кæнæ та æххæстæй спайда кодтой сæ фæрæзтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania