филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:43 воскресенье, 01 февраля 2026
12 февраля 2021, 14:12
2023-æм азмæ Бæтæхъойыхъæуы инфраструктурæ сног кæнынæн схардз кæндзысты 350 милуан сомы онг

Хъæуы социалон-экономикон рæзты тыххæй проект ацы мæйы райдиан хорзыл банымадтой хицауады æмбырды

2023-æм азмæ Бæтæхъойыхъæуы инфраструктурæ сног кæнынæн схардз кæндзысты 350 милуан сомы онг. Хъæуы социалон-экономикон рæзты тыххæй проект ацы мæйы райдиан хорзыл банымадтой хицауады æмбырды. Документыл бакуыстой Битарты Вячеславы амындмæ гæсгæ. Мадзæлтты пъланыл та бакуыстой Рахизфарсы районы администраци æмæ профилон министрадтæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Зæронд пъолтæ æмæ дуæрттæ, уæдæ бæстыхайы æддаг бакастæй дæр зæрдæ нæ райы. Бæтæхъойыхъæуы иунæг скъолайыл цæуы 40 азмæ хæстæг. Уыцы мгъуыдмæ цалцæггонд никуы уыд. Бирæ азты ахуыргæнджытæ катай кæнынц ацы хъуыддагыл. Райдиан кълæстæ кæм ахуыр кодтой, уыцы бæстыхайы уавæр та уымæй тæссагдæр у. Кæлæддзаг кæны, уымæн æмæ арæзт æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ. Иу дзырдæй – лыггæнинаг фарстатæ бирæ.

Скъола, куыд социалон æгъдауæй ахсджиаг объект бындуронæй сцалцæг кæндзысты, сæрмагонд проект æххæст кæнгæйæ. Æппæт хъуыддæгтæн фæрæзты нымæц уыдзæн 350 милуан сомы онг. Арæзтадон куыстыты фæстæ ахуыргæнæндоны нысан кæнынц ахуырадон центр «Точка роста» байгом кæнын. Ноггонд скъолайы фæзындзæн ног техникæ, кусæнгæрзтæ æмæ ма суанг шахмæттæй хъазæн фæз дæр. Уæдæ аивдзæн хæрæндоны уавæр дæр.

Социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объектты хыгъд арæзт цæуы, адæмы хъуыдытæ хынцгæйæ. Ивгъуыд азы январы республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Рахизфарсы районы цæрджытимæ. Æмбырды зæронд Бæтæхъойыхъæуы цæрджытæ радзырдтой, социалон инфраструктурæйæ цух кæй æййафынц, уый тыххæй. Уый фæстæ республикæйы разамонæг бæрнон кусджытæн бабар кодта, муниципалон сконды рæзты пълан бацæттæ кæнын.

Фæрæзтæ схардз кæндзысты ахсджиаг социалон объекттæ аразыныл. Уыцы хыгъды ис сывæллæтты рæвдауæндон 60 бынатæн. Ныртæккæ бæстыхай ис кæлæддзаг уавæры, бындурон цалцæг дæр ын нæ баххуыс кодта.

Рахизфарсы районы администрацийы нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй программæмæ хаст чи рцæудзæн, уыцы объектты æххæст номхыгъд нырма фидаргонд нæу. Проект царды уаддзысты цалдæр къæпхæнæй. 3 азмæ нысан кæнынц дондзæуæн хызтæ рацаразын æмæ парчы фæлладуадзæн зонæмæ базилын. Уымæй дарддæр ма Плиты Иссæйы уынджы фæзындзæн нырыккон культурæйы хæдзар. Иууæладзыгон бæстыхайы уыдзæн 200 бынаты. Рæзгæ фæлтæрæн дзы фадат уыдзæн кафынæн, зарынæн æмæ æрмдæсныйады куыст кæнынæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania