03 апреля 2025, 10:38
2024-æм азы хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнгæйæ Дзæуджыхъæуы модернизаци скодтой 4 стыр хъармгæнæны
Уый тыххæй фехъусын кодта республикон дондзæуæн куыстуаты генералон директор Хъараты Тимур
2024-æм азы хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнгæйæ Дзæуджыхъæуы модернизаци скодтой 4 стыр хъармгæнæны, ивд æрцыд хъармгæнæн трассæты 38 километрæй фылдæр. Уый тыххæй фехъусын кодта республикон дондзæуæн куыстуаты генералон директор Хъараты Тимур. Куыд ма сбæрæг, афтæмæй ацы аз фæнд кæнынц 8 хъармгæнæны модернизаци скæнын. Ног модулон хъармгæнæнтæ дзуапп дæтдзысты æппæт нырыккон домæнтæн. Уымæй фæстæмæ ма куыстуат сæххæст кæндзæн комплексон куыстытæ, хъамргæнæн трассæтæ сцалцæг кæндзæн 7 скъолайы æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты. Куыст цæуы хъармæй æххæстгæнæн схемæтыл дæр.

темæмæ гæсгæ