Ууыл ныхас цыд ведомствоты хсæн къамисы æмбырды
2025-æм азы Цæгат Ирыстоны нысан кæнынц 40 æхсæнадон территорийы саив кæнын, стæй æппæтуæрæсеон конкурс «Чысыл горæтты æмæ историон бынæтты» 3 уæлахиздзау проекты царды рауадзын Алагиры, Беслæны æмæ Мæздæджы. Ууыл ныхас цыд ведомствоты хсæн къамисы æмбырды. Амыдта йæ Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис. Премьер-министр куыд бафиппайдта, афтæмæй программæ æнтыстджынæй æххæстгонд цæуы республикæйы горæтты æмæ хъæуты. Ахсджиаг ма у уый, æмæ республикæйы цæрджытæ сæхæдæг кæй æвзарынц, рацаразын кæй хъæуы, уыцы территоритæ. Фæстаг æртæ азмæ саив кодтой 140 фæзы, æмæ царды рауагътой 7 проекты. Разæй дæр бирæ нысантæ. Æмбырды презентаци скодтой дизайн-проектты æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзаутæн. Афтæ Алагиры фæзындзæн объект «Хуры дæлвæз», ирхæфсæн фæзтимæ. Беслæны саив кæндзысты культурæйы Галуаны алфамбылай территори, стæй ма дзы фæзындзысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты кадæн мемориал, сæрдыгон амфитеатр, литературон фысымуат, сывæллæтты ирхæфсæн фæз. Мæздæджы Уæлахизы парк та фæхъæздыгдæр уыдзæн ноджыдæр иу фæлладуадзæн зонæйæ. Бынæттон администраци фæнд кæны проектмæ инвесторты ргом раздахын.




