филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:25 суббота, 28 сентября 2024
14 октября 2021, 11:44
Беслæны Ленины уынджы фæндаджы цалцæг кæронмæ нæма æрхæццæ

Ног асфальты уæлцъар дзы хъуамæ æвæрд æрцæуа æрмæстдæр 1 километр æмæ 200 метры

Беслæны Ленины уынджы фæндаджы цалцæг кæронмæ нæма æрхæццæ. Ног асфальты уæлцъар дзы хъуамæ æвæрд æрцæуа æрмæстдæр 1 километр æмæ 200 метры.

Бульдозеры уынæр, рыг æмæ асфальты тæф. Уыдон сты цыфæнды фæндаджы цалцæггæнæн куыстыты миниуджытæ дæр. Æмæ сыл адæймаг хъуамæ цин кæна, ног фæндаг, аив бордюртæ… Уыдон хорз, фæлæ гыццыл цалцæггæнæн куыстытæ цалдæр мæйы куы ныддæргъвæтин вæййынц, уæд сæ адæм тыхсын райдайынц.

Уымæ гæсгæ Беслæны Ленины уынджы цалцæггæнæн куыстыты фарста сси аппаратон æмбырды сæйраг темæтæй иу. Сергей Меняйло фарстатæ радта подрядон организацийы разамындмæ.

Фæндаг цалцæг кæнынц ацы азы уалдзæгæй нырмæ. Километр æмæ 200 метры асфальт сæ бон афоныл сæвæрын нæ баци. Ис ын бирæ аххосæгтæ. Сæ фылдæр баст сты, фæндаджы бынты цы коммуникацитæ цæуы, уыдонимæ. Фæндаджы уæлцъар куы систой, уæд дзы хæтæлтæ хъыгдæрд æрцыдысты. Уæвгæ дæр нормæтæн дзуапп нæ лæвæрдтой. Ныртæккæ сæ ивынц фидардæр æмæ сдавддæртыл. Кæд къæйтæ айывын пъланмæ гæсгæ нæу, уæддæр дзы куыстытæ цæуынц дарддæр.

Бынæттон администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй куыстытæ фæуыдзысты пъланмæ гæсгæ. Къуылымпыдзинæдтæм цæттæ нæ уыдысты. Подрядон организаци хæтæлтæ ивгæйæ рæстæг куы нæ бахардз кодтаиккой, уæд цæттæ фæндаг цыбыр рæстæджы фæстæ хъуыдаид ногæй халын.

Ныртæккæ ма сæ хъæуы ноджыдæр иу цъар сæвæрын фæндагыл, стæй тратуартæ æмæ машинæты æрлæууæнтæ сног кæнын. Беслæны Ленины уынджы цæрджытæ ног фæндагæй пайда кæнын райдайдзысты ноябры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania