09 апреля 2025, 10:34
21-æм апрелæй 12-æм июны онг ацæудзæн æппæтуæрæсеон онлайн-хъæлæс кæныны æмгъуыд, æхсæнадон территоритæ равзарыны тыххæй
Уыцы территоритæ саив кæндзысты, федералон проект «Горæты æнцонвадат архайд» æххæст кæнгæйæ
21-æм апрелæй 12-æм июны онг ацæудзæн æппæтуæрæсеон онлайн-хъæлæс кæныны æмгъуыд, æхсæнадон территоритæ равзарыны тыххæй. Уыцы территоритæ саив кæндзысты, федералон проект «Горæты æнцонвадат архайд» æххæст кæнгæйæ. Сæрмагонд платформæйы сæ хъæлæстæ раттыны бон у, 14 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыдонæн се ппæтæн дæр. Хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг кæндзысты 40 æхсæнадон тыгъдады. Уыдонмæ базилдзысты 2026-æм азы. Национ проекты архайгæйæ, Цæгат Ирыстонæн фæстаг азты бантыст 140 æхсæнадон территорийы саив кæнын. Ацы куыст цæудзæн дарддæр.
темæмæ гæсгæ




