филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:42 воскресенье, 01 февраля 2026
21 ноября 2022, 12:13
21-æм ноябры у телеуынынады Æппæтдунеон бон

Нæ республикæйы кусы цалдæр телекомпанийы

Абон у телеуынынады Æппæтдунеон бон. 21-æм ноябры 1996-æм азы йæ сфидар кодта нациты иугонд организацийы Генералон Ассамблея. Уæд арæзт æрцыд фыццаг Æппæтдунеон телефорум. Алы бон дæр телевизормæкæсджытæ базонынц нæ бæстæйы æмæ дунейы сæйраг хабæртты тыххæй. Нæ республикæйы кусы цалдæр телекомпанийы. Æппæтæй егъаудæртæ сты паддзахадон телерадиокомпани «Алани» æмæ Национ телекомпани «Осетия-Ирыстон». Телесигнал исыны фадат абон ис суанг дæрддзæф хъæуты цæрджытæн дæр. Республикæйы цæрджытæ ныр лæвар исынц 20 каналы. Ирыстоны хабæрттæ цæуынц нырыккон нымæцон комплексæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ йæ фæстаг 40 азмæ æххæстæй сифтонг кодтой нырыккон техникæйæ. Фæхуыздæр сты фæллойы уавæртæ дæр. Бæлвырддæр та арæзт æрцыдысты нырыккон студитæ, монтажгæнæнтæ æмæ эфир дæттæн аппаратон бæстыхæйттæ. Телеуынынады баиу сты æрыгондзинад,  фæлтæрддзинад æмæ сфæлдыстад. Экраныл цы уынæм, уый у бирæ алыхуызон специалистты иумæйаг фæллой. Телеуынынады кусджытæ зæрдæйæ уарзынц сæ хъуыддаг. Бирæтæн сси сæ царды сæйраг æмæ æнæивгæ хай. Паддзахадон телерадиокомпани «Алани» æмæ национ телекомпани «Осетия — Ирыстон»-ы кусджытæ бирæ хæттыты систы алыхуызон конкурсты æмæ фестивальты лауреаттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania