21 июня 2023, 11:45
22-æм июны Уæрæсейы территорийы ацæудзæн «Минут æдзæмæй алæууыны» акци
Райсом 82-æм хатт бæрæггонд цæудзæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæны бон
22-æм июны нæ бæстæйы бæрæг кæндзысты хъыггæнæн æмæ зæрдылдарæн бон. Уымæ гæсгæ 12 сахаты æмæ 15 минутыл Уæрæсейы территорийы ацæудзæн «Минут æдзæмæй алæууыны» акци. Райсом 82-æм хатт бæрæггонд цæудзæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæны бон. 1418 даргъ, æнæкæрон боны æмæ æхсæвы Советон Цæдисы адæм хъæбатырæй сæхи æвдыстой тохы быдыры, стæй фронты фæсчъылдым. Нæ историйы æппæтæй тугкалæн хæсты бацарæфтыдысты Советон бæстæйы 27 милуан адæймаджы царды.
темæмæ гæсгæ




