20 октября 2021, 11:29
22 Советон æфсæддоны стæгдартæ ныгæд æрцыдысты Мæздæджы районы цыртдзæвæн «Линия фронта»-йы цур
Ацы ран у æртыккаг æфсымæрон ингæн
22 Советон æфсæддоны стæгдартæ ныгæд æрцыдысты Мæздæджы районы цыртдзæвæн «Линия фронта»-йы цур. Ацы ран у æртыккаг æфсымæрон ингæн. Салдæтты ном æрымысынмæ æмæ сын кад скæнынмæ æрбацыдысты районы хицауад, гæрзифтонг тыхты минæвæрттæ, æнæнхъæлæджы цауты министрады уæнгтæ æмæ æвзонг æфсæддонтæ. Афæдзы райдианæй нырмæ, агурæн-сгарæн куыстытæ цыдысты Хъызлары хъæугæрон, Теркаг æфцæгыл. Хъыгагæн сæрмагонд медальонтæ разынди æрмæстдæр 2 салдатмæ. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фылдæрæн сæ нæмттæ баззадысты æбæрæгæй. Агурæг къорды уæнгтæ сбæрæг кодтой Краснодары крайы, Орловы æмæ Архангельскы облæсттæй æфсæддонты нæмттæ. Мæздæджы районы агурæн-сгарæн куыстытæ æнæрлæугæйæ цæуынц зæгъæн ис афæдзмæ хæстæг.