филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:03 суббота, 06 июля 2024
29 марта 2022, 11:54
Спутничы цæрджытæ æххуысагур бацыдысты Адæмон фронты минæвæрттæм

Адæм хъаст кæнынц поселочы уавæрæй

Спутничы цæрджытæ æххуысагур бацыдысты Адæмон фронты минæвæрттæм. Адæм хъаст кæнынц поселочы уавæрæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ, уый, пырх фæндæгтæ, æвзæр санитарон уавæр æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къуылымпыдзинæдтæ. Сæ аххосаг цы у, уый сбæрæг кæныны тыххæй бынатмæ ацыдысты префектурæйы кусджытæ æмæ не сфæлдыстадон къорд. Дарддæр – Касаты Наирæ.

Спутничы фæндæгтæ æдзæллаг уавæры фыццаг аз не сты. Иуæй-иу уаццæгтыл цыма асфальт уæвгæ дæр никуы уыди, афтæ у. Цæрджытæ алы рдæм хъаст кæнынц, фæлæ сын æххуысгæнæг нæй æмæ нæ уыди. Ацы хатт администрацийы минæвæрттимæ ныхас комкоммæ. Фембæлд арæзт æрцыди регионалон Адæмон фронты активистты хъæппæрисæй. Лыггæнинаг фарстаты хсæн куыд фæндæгты уавæр, афтæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады куыст.

Валентина Жамалова поселочы цæры ныр 50 азы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстаг 10 азы Спутничы цæрджыты социалон уавæрты æвзæры фылдæрæй-фылдæр къуылымпыдзинæдтæ. Фæлæ цæрджыты ныхæстæ хъуыддаг æцæг куыд у, уымæ бар дарынц æви нæ, уый базоныны тыххæй поселок бабæрæг кодтой префектурæйы кусджытæ.

Пъадвал разынди хус, кæртытæ сыгъдæг. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æфснайгæ арæх бакæнынц сæхæдæг. Фæлæ бырæтты контейнерты алыварс дымгæ æви куыйтæ ныппырх кодтой дзæкъултæ. Спутничы фæстаг рæстæг дзæгъæл куйтæ сбирæ сты. Уый дæр ма иу фарста. Адæмы хъыгдарынц, æмæ сæ цы фæкæной, уый нæ зонынц. Бырондæтты контейнерты цур сывæллæтты хъазæн фæз. Бæрнон куыстуæттæй курынц, цæмæй цæрæгойты аласой питомникмæ. Уæвгæ, разамынддæттæг компанийы куыстмæ фарстатæ бирæ уыди. Фæлæ службæйы разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй коммуналон лæггæдты фиддонты хæстæ дæр гыццыл не сты.

Цæрджытæ ма разы не сты, машинæтæн æрлæууыны бар кæм нæй, уым сæрмагонд нысантæ æвæрд кæй нæй, уый дæр. Поселочы машинæтæ ис бирæ. Сывæллæттæн дзы у тæссаг, зæгъынц хистæртæ. Администрацийы æмæ ведомствæты минæвæрттæ риссагдæр фарстатæ фæбæрæг кодтой сæхимæ. Кæцыдæртыл та бакусдзысты хæстæгдæр рæстæг.

Лыггæнинаг фарстатæм йæ цæст дары Адæмон фронт. Администаци зæрдæ цы хъуыддæгтæй бавæрдта, уыдоны хъуамæ æххæстгонд æрцæуой бæлвырд æмгъуыдмæ. Æхсæнады уæнгтæ дарддæр дæр æмгуыстад кæндзысты цæрджытимæ.

Цæрджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй Адæмон фронтыл сæ зæрдæ дарынц. Уымæн æмæ сын амæй размæ ничи баххуыс кодта. Ноджыдæр ма банхъæлмæ кæсдзысты, фæлæ кæд ныр æппæт лыггæнинаг фарстатæ иуаварсгонд æрцæуой, уæд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania