19 декабря 2018, 18:15
23-æм декабры цæгатирыстойнаг сывæллæттæ абалц кæндзысты Мæскуымæ, Кремлы заз бæлас фенымæ
Уæрæсейы сæйраг Ног Азы символ феныны фадат фæци олимпиадæты уæлахиздзаутæн, иттæг хорз чи ахуыр кæны, уыдонæн, сидзæр сывæллæтты хæдзæртты æмæ интернатты хъомылгæнинæгтæн, æдæппæтæй 36 адæймаджы.

23-æм декабры цæгатирыстойнаг сывæллæттæ абалц кæндзысты Мæскуымæ, Кремлы заз бæлас фенымæ. Уæрæсейы сæйраг Ног Азы символ феныны фадат фæци олимпиадæты уæлахиздзаутæн, иттæг хорз чи ахуыр кæны, уыдонæн, сидзæр сывæллæтты хæдзæртты æмæ интернатты хъомылгæнинæгтæн, æдæппæтæй 36 адæймаджы. Куыд цæттæ кæнынц сæхи лæппутæ æмæ чызджытæ.
Нæ бæстæйы сæйраг зазбæласмæ кæй ацæудзæн, уый Данила Артемьев базыдта йæ ныййарджытæй йæ райгуырæн бон. Фырцинæй йæ ацы хорз хабар уырнгæ дæр нæ кодта. Суанг ма йын æй нæ республикæйы ахуырады министрады куы загътой, уæддæр. Хорз кæй ахуыр кæны лæппу, уый тыххæй йын ахæм лæвар скодтой ног азы размæ. Данила ахуыр кæны æвдæм къласы Архонкæйы фыццæгæм скъолайы.
Данилæйы циныл цин кæнынц йæ ахуыргæнджытæ, йе мбæлттæ. Йæ ахуыргæнæг Елена Журавлевайы хъуыдымæ гæсгæ уый тынг хорз у, сывæллæтты се нтыстдзинæдты тыххæй кæй разæнгард кæнынц. Ахæм разæнгардзинад сын æххуыс кæны дарддæры æнтыстдзинæдтæм тырнынæн.
Нæ бæстæйы сæйраг зазбæласмæ ацæуын æнæнхъæлæджы лæвар уыд сидзæр сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы дыууæ хъомылгæнинагæн дæр – Георги æмæ Аланæйæн. Фæнды сæ нæ бæстæйы президентимæ сæмбæлын. Æрцæттæ кодтой, Владимир Путинæн цы фæрстытæ ратдзысты, уый.
Ацы аз Кремлы зазбæласмæ Ирыстонæй ацæудзæн æртын æхсæз сывæллоны, авд скъоладзауы Дзæуджыхъæуæй, æмæ дыууын фараст – районтæй. Сæйраг зазбæлас фенын сæ бон бауыдзæн ахуыры хуыздæртæн, Олимпиадæты уæлахиздзаутæн, сидзæр сывæллæтты хæдзæрттæй æмæ интернаттæй хъомылгæнджытæн. Мæскуйы ма сывæллæттæн скæндзысты экскурситæ.
Хъайтыхъты Фатимæ

темæмæ гæсгæ