филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:40 пятница, 05 июля 2024
26 августа 2014, 12:31
25-æм августы информацион агентад ИТАР-ТАССы пресс-центры уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы пресс-конференци

Дзуæппытæ лæвæрдта уæрæсейаг журналистты фæрстытæн.

73891
Дзуæппытæ лæвæрдта уæрæсейаг журналистты фæрстытæн.

Бæстон æрлæууыд Украинæйæ лыгъд адæмы фарстайыл. Нæ республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ныртæккæ ис иу мин лыгъд адæймагæй фылдæр. Уыдонæй 275 сты скъоладзаутæ. Фыццæгæм сентябры бацæудзысты скъоламæ, студенттæн та фадат уыдзæн сæ ахуыр нæ республикæйы уæлдæр скъолаты дарддæр ахæццæ кæнынæн. Уымæн арæзт æрцыд алцыдæр. Уымæй дарддæр Мамсыраты Таймураз æрдзырдта промышленнон æмæ хъæууонхæдзарадон куыстуæтты архайдыл.

Стыр æргом аздæхта Беслæны терактмæ. Куыд загъта, афтæмæй йыл цасфæнды куы рацæуа, уæддæр уыцы рыст адæмæй никуы ферох уыдзæн, баззайадзæн нæ республикæйы алы цæрæджы зæрдæйы дæр. Журналистты тыхсын кодта, Цæгат Ирыстоны муфтийы хæдивæг Расул Гамзатовы кæй амардтой, уыцы хъуыддаг дæр. Мамсыраты Таймураз загъта, барадхъахъхъæнджытæй кæй бадомдта, цæмæй ацы фыдракæнд раиртасой, куыд æмбæлы, афтæ. Ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
 
 

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania