Уый кадæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты концертон залы арæзт æрцыд сæ юбилейон концерт
Аивадæн æгæрон лæггадгæнджытæ. 25 азы сæххæст Ирыстоны уарзондæр зарæггæнджыты къорд «Фидæн»-ыл. Уый кадæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты концертон залы арæзт æрцыд сæ юбилейон концерт. Уæвгæ 25 азы чысыл æмгъуыд нæу. Уыцы рæстæгмæ ирд вокалисттæн сæ курдиаты фæрцы бантыст аивадуарзджыты зæрдæмæ фæндаг ссарын. Се сфæлдыстады азфыстимæ æхсызгонæй базонгæ нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.
Æфсæддон, лирикон, адæмон, æмæ хи фыст зарджытæ. Уыимæ алы жанрты. Ахæм хъæздыг у вокалон къорд «Фидæн»-ы репертуар. Йæ равзæрдыл сæххæст 25 азы. Кæй зæгъын æй хъæуы, гыццыл рæстæг нæу æмæ къорды æрцыд бирæ ивддзинæдтæ. Се сфæлдыстадон фæндаг райдыдтой цыппар зарæггæнæгæй. Ныр та, Ирыстонæн хъуыстгонд сты 3 солисты.
1998-æм аз. 4 æрыгон лæппуйы бафæндыд вокалон къорд саразын æмæ зарджытæ сæхæдæг куыд æнкъарынц, афтæ æнкъарæнджынæй сæ хæццæ кæнын адæммæ. Къордæн ном раттыны рæстæг куы рцыд, уæд, фидæнмæ стыр нысантæ цы лæппутæм уыд, уыдон æй схуыдтой «Фидæн».
Датиты Аслан, РЦИ-А сгуыхт артист: «Кæй зæгъын æй хъæуы, æрыгондæр уыдыстæм, æмæ хъуыды кодтам, райсомы бон цы уыдзæн, зæгъгæ. Райсом та у фидæн. Фидæнмæ тырнæм, æмæ афтæмæй равзæрд нæ къорды ном дæр».
Вокалон къорды солисттæ иу хъæлæсæй дзурынц, хæстæгдæр сын зæронд зарджытæ кæй сты, уый. Уæлдайдæр та нæхи ирон æвзагыл фыст.
Нартыхъты Валерий, РЦИ-А сгуыхт артист: «Нæ райгуырæн бæстæ у Советон дуг. Æмæ уæды рæстæг цы диссаджы поэттæ æмæ автортæ уыд, уыдонæй кæцыдæртæ баззадысты рохуаты. Уымæ гæсгæ сыл нæхирдыгонау райдыдтам кусын. Æвæццæгæн, адæймагæн йæ удыл цы сæмбæлы, уый хъуамæ адæмы размæ дæр хæсса. Уыцы хъуыддаг махæн нæ бон куыд у, афтæ йæ кæнæм».
Рæстæг цыд, æмæ вокалон къорд ивта йæ музыкантты. Ныртæккæ кусынц инструменталон къорд «Александровский проспект»-имæ. Уæдæ хицæн ныхасы аккаг у, 2021-æм азæй фæстæмæ «Фидæн2 Паддзахадон филармонийы хай кæй сси, уый дæр.
Æнцон нæу, уымæн æмæ, зæгъæн ис, æмæ сæ зарджытæй бахъæлдзæг кодтой бæстæйы алы горæты цæрæджы дæр. Уæдæ сæ курдиатæй саив кодтой æппæтадæмон форум «Уæрæсе» дæр.
Чекойты Артур, РЦИ-А сгуыхт артист: «Куы радзырдтой, Ирыстоны артисттæ рацæудзысты, зæгъгæ, уæд адæм æрбамбырд сты. Уымæй æхсызгондæр та ма ци ис. Фыццаг азарыдыстæм уырыссаг зарæг. Æмæ адæм немæ зарын райдыдтой. Тынг æхсызгон уыд. Уый фæстæ та ирон зарджытæ. Æмæ адæмы цæстытæ ссыгъдысты. Сæ зæрдæмæ кæй фæцыд, уый бæрæг уыд2.
Кæй зæгъын æй хъæуы, 25 азы чысыл æмгъуыд нæу. «Фидæн» æвзæрста зындзинæдтæ дæр. Уæлдай тынг та йыл фæбæрæг сты коронавирусы æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг.
Нартыхъты Валерий, РЦИ-А сгуыхт артист: «Уыдис зын рæстæг. Концерттæ сæхгæдтой, адæмы иумæ æмбырд кæнын нал уагътой. Гæнæн нæ уыд, æмæ заводты дæр акуыстам. Уымæн æмæ хъуыд бинонты хæссын. Фæлæ не ртæйæн дæр уыд иу бæллиц – цæмæй дарддæр нæ аивады куыст кæнæм».
25 азы сыл кæй сæххæст, уый фæдыл вокалон къорд сарæзта концерт. Зарыдысты, уал азмæ адæмæн цы зарджытæ бауарзын кодтой, уыдон. Уæдæ дзы уыд премьерæтæ дæр. Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæй сарæзтой зарджытæ. Концерты кадджын уазджыты хсæн – Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ культурæйы министр Фидараты Сослан. Юбилярты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй Парламенты номæй. Тускъаты Таймураз сын раарфæ кодта, æмæ бузныджы ныхæстæ загъта сæ бирæазон фæллойы, нæ культурæ æмæ æгъдæуттæ нын кæй хъахъхъæнынц, уый фæдыл.
Вокалон къорды архайджытæ абоны бонæй нæ цæрынц. Уæвгæ, сæ номмæ гæсгæ сын уый гæнæн дæр нæй – зæгъынц зарæггæнджытæ. Æмæ сæм фидæнмæ дæр ис бирæ нысантæ.
Нартыхъты Валерий, РЦИ-А сгуыхт артист: «Нæ кæстæртæн сараздзыстæм проект. Кæсдзыстæм æмæ сын æххуыс кæндзыстæм. Фæлæ ныртæккæ ахæм егъау хъуыддаг иунæгæй не скæндзынæ. Нæ фарсмæ æрбалæууыдысты не мбæлттæ. Æмæ нæм уыдон дæр фæкæсдзысты. Ирон адæммæ бирæ хорз адæм ис».
Фæлæ ма хорзæй уæлдай сты курдиатджын дæр. Вокалон къорды солистты ххуысæй та кæндзысты æрмæстдæр фылдæр.
