филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:41 среда, 25 июня 2025
05 декабря 2013, 11:25
26-æм декабры бæстæйы кинотеатры уыдзæн зындгонд режиссер Тимур Бекмамбетовы комеди «Елки-3»-йы премьерæ

Дзæуджыхъæуы ацы цаумæ уæлдай æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц. Уымæн æмæ горæты цæрджытæй бирæтæ систы кинолентæйы архайджытæ. Ам, стæй Уæрæсейы иннæ горæтты цы

Дзæуджыхъæуы ацы цаумæ уæлдай æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц. Уымæн æмæ горæты цæрджытæй бирæтæ систы кинолентæйы архайджытæ. Ам, стæй Уæрæсейы иннæ горæтты цы æрмæг ист æрцыд, уырдыгæй кадртæй спайда кодтой музыкалон къорд «Секрет»-ы клипы. Кинонывы сфæлдыстадон къорд ма аивадуарзджытæн бацæттæ кодта æндæр цымыдисаг лæвæрттæ дæр.

Ацы премьерæмæ æнхъæлмæ кæсынц æппæт Уæрæсейы дæр. Уæлдайдæр та киноныв «Елки-3» цы 11 горæты истой, уым. Уыдоны хсæн ис Дзæуджыхъæу дæр.

Дзæуджыхъæуы «Елки-3»-йы эпизод истой 29-æм октябры. Горæты цæрджытæн уый уыд æцæг бæрæгбон. Кинонывы архайынмæ Сабырдзинады фæзмæ æрбацыд 700 адæймагæй фылдæр. Хъуыдис сæ дзырдбаст «С Новым Годом!»-ы фыццаг дамгъæ М саразын. Ацы хъуыддаг æнæ къуылымпыйæ сæххæст кодтой. Уæд ма кинонывы сфæлдыстадон къорд сфæнд кодта Дзæуджыхъæуы ноджыдæр иу дамгъæ сисын – Й. Фæлæ цавæр дзырдбастæн, уый басусæг кодта. Уыимæ комедийы чи архайдта, уыдонæн скодта лæвар – цы æрмæг ист æрцыд, уырдыгæй кадртæй спайда кодтой музыкалон къорд «Секрет»-ы клипы. Сæ зарæг «На любой стороне Земли» сси «Елкæтæм» саундтрек.

Æртыккаг «Елкæты» сæйраг хъайтартæ раздæрау сты Боря æмæ Женя. Уыцы рольтæ хъазынц Иван Ургант æмæ Сергей Светлаков. Фæзынд дзы ног хъайтартæ дæр. Се ппæты дæр сæ Ног Азы æхсæв баиу кæндзæн зæрдæхæлардзинад.

Аивадуарзджытæн киноныв сфæлдыстадон къорд лæвар скæндзæн хæстæгдæр рæстæг. «Елки-3»-йы премьерæ уыдзæн 26-æм декабры.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania