филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:28 понедельник, 13 мая 2024
07 марта 2013, 14:09
3 боны Дзæуджыхъæуы цыдысты Хуссар зылды æфсæддонты методикон ахуыртæ

Ахуырты нысан уыд афицерты архайд хæстон уавæрты фæбæрзонддæр кæнын. Дыууæ полигоны сын сарæзтой фæлварæнтæ. Бригадæты æмæ дивизионты командиртæ равдыстой сæ арæхстдзинад æфсæддон хæцæнгæрзтæй æхсынæй, физикон цæттæдзинадæй, стæй сæрмагонд æвсæддон машинæтæ тæрынæй.

3 боны Дзæуджыхъæуы цыдысты Хуссар зылды æфсæддонты методикон ахуыртæ. Разамынд сын лæвæрдта Фистæгæфсаддонты командыгæнæг, инæлар-булкъон Владимир Чиркин.

Ахуырты нысан уыд афицерты архайд хæстон уавæрты фæбæрзонддæр кæнын. Дыууæ полигоны сын сарæзтой фæлварæнтæ. Бригадæты æмæ дивизионты командиртæ равдыстой сæ арæхстдзинад æфсæддон хæцæнгæрзтæй æхсынæй, физикон цæттæдзинадæй, стæй сæрмагонд æвсæддон машинæтæ тæрынæй. Базонгæ сты, хæххон уавæрты хæстон цауты рæстæг цæфты куыд ракæнын хъæуы уый. Бацамыдтой сын сгарыны сусæгдзинæдтæ, стæй сæрмагонд фæрæзты æххуысæй æрдзон цæлхдурты сæрты хизæн. Ахуыртæн хатдзæгтæ кæнгæйæ командыгæнæг Владимир Чиркин загъта, офицерты цæттæдзинадæй разы кæй у, уый. Ахæм методикон æмбырдтæ ацæудзысты æппæт æфсæддон зылдты дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania