25 октября 2025, 09:40
30 скъоладзауæй фылдæр архайдтой Сапицкийы фæлладуадзæн парчы патриотон акцийы
Се хсæн æвзонг æфсæддонтæ, стæй Беслæны 1-æгæм скъолайы ахуырдзаутæ
30 скъоладзауæй фылдæр архайдтой Сапицкийы фæлладуадзæн парчы патриотон акцийы. Се хсæн æвзонг æфсæддонтæ, стæй Беслæны 1-æгæм скъолайы ахуырдзаутæ. Фæсивæдæн бацæттæ кодтой хъæздыг программæ. Райдыдтой физзарядкæйæ. Уый фæстæ сын арæзт æрцыд экскурси парчы территорийы аллеятæм. Сæйраг мадзал та уыд тыхы структурæты ветерантимæ, стæй алыхуызон хæстон быцæуты архайджытимæ фембæлд. Республикæйы Сæргълæууæджы æххуысгæнæг, меценат Хъуыссæты Мæирбег, æдасдзинады федералон службæйы разамынды æмæ ветеранты Советы хъæппæрисмæ гæсгæ, ахæм акци сарæзта фыццаг хатт. Фидæны та ахæм мадзæлтты фæлгæты фæнд кæнынц алы æмвæзады ерыстæ аразын.
темæмæ гæсгæ




