Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт арæзт æрцыди акци «Уæлахизы зарядкæ»
300 сывæллонæй фылдæр Сæрибары фæзы зарядкæ скодтой чемпионтимæ. Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт арæзт æрцыди акци «Уæлахизы зарядкæ». Баст уыди Стыр Уæлахизы 80 азы бонимæ. Сывæллæттимæ тренировкæтæ скодтой Олимпаг чемпион Рæмонты Сослан, Олимпиадæйы призер Æлбегаты Руслан, Паралимпиадæйы призертæ Коцойты Алан æмæ Мæргъиты Георгий, Европæйы чемпионтæ боксæй Абайты Алан æмæ Айларты Зауыр, стæй Бекъойты Азæмæт. Кæд боныхъæд асæст уыди, уæддæр 300 сывæллонæй фылдæр æрæмбырд сты Сабырдзинады проспекты, цæмæй тренировкæтæ скæной зындгонд спортсментимæ, байхъусой сын сæ амынддзинæдтæм. Уый рæзгæ фæлтæрæн у спорты бæрзæндтæм схинынмæ разæнгардгæнæн фæрæз. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм стыр æмвæзадыл акци ацы къабазы арæзт æрцыд фыцаг хатт. Фæлæ йæ фидæны фæнд кæнынц ноджыдæр уæрæхдæр скæнын, загъта фæсивæдон политикæйы, физкультурæ æмæ спорты комитеты сæрдар Айларты Зауыр.




