филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:36 понедельник, 15 декабря 2025
16 декабря 2019, 12:30
36 скъоладзауы Цæгат Ирыстонæй абалц кæндзысты Мæскуымæ, нæ бæстæйы сæйраг заз бæлас байгом кæныны кадджын мадзалмæ

Сывæллæттæ бæрæгбоны архайдзысты 25-æм декабры

36 скъоладзауы Цæгат Ирыстонæй абалц кæндзысты Мæскуымæ, нæ бæстæйы сæйраг заз бæлас байгом кæныны кадджын мадзалмæ. Сывæллæттæ бæрæгбоны архайдзысты 25-æм декабры. Иуæй-иутæ та ма сæ арæхстдзинад равдисдзысты кадджын æмбырды. Раздæры азты куыд уыди, афтæ ныр дæр сабитæ сты фæкæсынхъуаг æмæ социалон æгъдауæй хъахъхъæд чи нæу, уыцы бинонтæй. Уымæй дарддæр иттæг хорз бæрæггæнæнтыл чи ахуыр кæны, ахæм скъоладзаутæ æмæ алыхуызон æппæтадæмон, æппæтурæсæон æмæ регионалон конкурсты æмæ олимпиадæты уæлахиздзаутæ, сидзæр сывæллæтты хæдзæртты  æмæ скъола-интернатты хъомылгæнинæгтæ, стæй ма йæ ныййарджытæ йæ хæстæ æххæст кæнгæйæ кæмæн фæмард сты, уыдон. Сывæллæттимæ Мæскуымæ ацæудзысты пъæлицæйы кусджытæ, дохтыртæ æмæ педагогтæ. Сæйраг заз бæлас фенынæнй дарддæр ма кæстæртæм æнхъæлмæ кæсы хъæздыг культурон-ирхæфсæн программæ. Лæппутæ æмæ чызджытæ фендзысты киностуди «Мосфильм»-ы музей, мæскуыйаг планетарий, стæй Никулины цирк Цветной бульвары.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania