филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:19 вторник, 16 декабря 2025
08 апреля 2014, 11:01
4-æм æмæ 5-æм апрелы Волгограды уыди парти Иугонд Уæрæсейы Генералон æмæ Уæлдæр советты иумæйаг уæрæхгонд æмбырд

Съезды архайдтой Уæрæсейы регионты хъæуты депутаттæ. Сæ номхыгъд бæрæггонд æрцыд 15-æм мартъимæ, æмæ йæ сфидар кодтой партийы регионалон управлениты. Алы делегацимæ дæр

4-æм æмæ 5-æм апрелы Волгограды уыди парти Иугонд Уæрæсейы Генералон æмæ Уæлдæр советты иумæйаг уæрæхгонд æмбырд
Съезды архайдтой Уæрæсейы регионты хъæуты депутаттæ. Сæ номхыгъд бæрæггонд æрцыд 15-æм мартъимæ, æмæ йæ сфидар кодтой партийы регионалон управлениты. Алы делегацимæ дæр хаст æрцыдысты партийы регионалон хайæдты секретарьтæ, æххæстгæнæн комитетты разамонджытæ, хъæуты бынæттон администрациты сæргълæуджытæ æмæ депутаттæ, хъæууонхæдзарадон кусджытæ, хицаудзинады оргæнты æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ. Ацы съезд стыр æргом аздæхта агропромышленнон комплексы рæзты фарстатæм, зæгъынц эксперттæ. Парти «Иугонд Уæрæсе» у иунæг, ахæм хъæппæрис чи равдыста, æмæ зæхкусджыты чи æрæмбырд кодта. Стыр доклад дзы скодта нæ бæстæйы премьер-министр Дмитрий Медведев. Куыд загъта, афтæмæй хицаудзинады оргæнты æнгом æмæрхайды фæрцы æрцæудзысты хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ. Уæлдайдæр та цардархайды ахсджиагдæр къабазы – хъæууон хæдзарады. Хъæуккаг депутатты 33 хъæппæрисы банымадтой хорзыл, æмæ сæм æркæсдзысты ацы аз партийы закъонæвæрынады архайды.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania