05 февраля 2018, 18:20
4-æм февралы бæрæггонд цæуы онкологийы ныхмæ тох кæныны æппæтдунеон бон
Снысан æй кодта онкологон низтимæ тох кæныны Æппæтадæмон цæдис.
4-æм февралы бæрæггонд цæуы онкологийы ныхмæ тох кæныны æппæтдунеон бон. Снысан æй кодта онкологон низтимæ тох кæныны Æппæтадæмон цæдис.
Традицимæ гæсгæ, уыцы бон æппæт бæстæйы дæр фæцæуынц акцитæ. Сæ фæрцы адæмæн фадат вæййы лæвар се нæниздзинад сбæрæг кæнынæн. Афтæ Цæгат Ирыстоны дæр. Республикæйы онкологон поликлиникæйы æрæмбырд бирæ адæм. Радтой туг, скодтой УЗИ, æмæ æндæр бæрæггæнæн иртæстытæ. Ахæм мадзæлтты нысан у, æхсæнадæн фылдæр информаци раттын ракы тыххæй, цæмæй рагагъоммæ алкæйы бон дæр уа, низ сбæрæг кæнын. Уымæн æмæ йæ райдианы цыфæнды низ дæр у æнцондæр сдзæбæх кæнæн.

темæмæ гæсгæ