филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:02 суббота, 31 января 2026
16 июля 2019, 12:52
4 азы размæ Битарты Вячеслав расидти хъæппæрис, цæмæй сидзæр сывæллæтты хæдзæртты рауагъдонтæ 18 азы фæстæ уой республикæйы хицауады уæнгты бæрны

Ацы хатт дæр республикæйы разамонæг йæхæдæг фембæлд фæсивæдимæ

4 азы размæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав расидти хъæппæрис, цæмæй сидзæр сывæллæтты хæдзæртты рауагъдонтæ 18 азы фæстæ уой республикæйы хицауады уæнгты бæрны. Ацы хатт дæр республикæйы разамонæг йæхæдæг фембæлд фæсивæдимæ. Раарфæ сын кодта, æмæ сын йæ зæрдæ загъта рæсугъд æмæ мидисджын цард, æппæт зындзинæдтæ нæхынцгæйæ. Ахсджиаг у, цæмæй сидзæр сывæллæтты хæдзары рауагъдонтæн уа ахæм адæймаг, уынаффæмæ кæмæ бацæуой, æмæ царды æппæт фæрстытæн дæр раст дзуапп кæмæй райсой. Уый у ацы куысты сæйрагдæр нысан. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Куыддæр сидзæр сывæллæтты хæдзары ног сабитæ фæзынынц, афтæ сыл Плиты Мария сæмбæлы йæхæдæг. Куыд зæгъы, афтæмæй семæ фæбады бирæ рæстæг. Фæлæ уыимæ архайы, цæмæй сыл тынг æнувыд ма суа, ууыл. Уымæн æмæ сидзæрты хæдзарæй царды уæрæх фæндагмæ куы рацæуа, уæд æм æнхъæлмæ кæсы ног дуне. Ныридæгæн йæхицæн сбæлвырд кодта, цавæр дæсныйадыл ахуыр кæндзæн, уый.

Бирæ чингуытæ кæсут, æмæ уæд уæ ныхас уыдзæн аив, хъуыдытæ та рæсугъд æмæ райдзаст. Ацы æмдзæвгæйы рæнхъытæй Дауыраты Тимур æвдисы йæ уарзондзинад чингуытæм. Куыд зæгъы, афтæмæй литературæ у йæ фидæны дæсныйады бындур. Æрыгон лæппуйы фæнды юрист суæвын, æмæ кæддæриддæр закъоны фарс лæууын.

Мария, Тимур æмæ ма 16 ахæм рауагъдонæн æххуыс кæндзысты нæ республикæйы министртæ. Битарты Вячеславы хъæппæрисмæ гæсгæ алы аз дæр фæсивæды сæвæрынц хицауады кусджыты бæрны. Республикæйы разамонæг йæхæдæг фембæлд сидзæр сывæллæтты хæдзæртты рауагъдонтимæ. Раарфæ сын кодта, æмæ сын йæ зæрдæ загъта рæсугъд æмæ мидисджын цард, æппæт зындзинæдтæ нæхынцгæйæ.

Ахæм куыст Цæгат Ирыстоны цæуы ныр 4-æм аз. Сывæллæтты бартæ хъахъхъæнæг куыд зæгъы, афтæмæй сын уый фадат дæтты царды зындзинæдтæй нæ тæрсынæн, æмæ сæ бæллицтæм ныфсджынæй цæуынæн.

Сидзæр сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæ царды уæрæх фæндагмæ куы рацæуынц, уæд сæхи æхсæнады куыд равдисынц, уый аразгæ у, цы хъомылад райсынц, уымæй, зæгъынц психологтæ. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у, цæмæй фæсивæдæн 18 азы фæстæ уа ахæм адæймаг, уынаффæмæ кæмæ бацæуой, æмæ царды æппæт фæрстытæн дæр раст дзуапп кæмæй райсой. Уый у ацы куысты сæйрагдæр нысан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania